Британийы минæвар Гуырдзыстоны - Уæрæсейы арызт æмбондтæ, цæрджыты кæрæдзийæ фæхицæн кæнынæй дарддæр ницы нысан хæссынц
Уæрæсейы арызт телтæй æмбондтæ, хуымæтæг бинонтæн зындзинадæтæ саразыны æмæ бынæттон цæрджыты фæхицæн кæнынæй дарддæр, ницы нысан хæссынц – уый фæдыл социалон хызаг «Твиттеры» Гуырдзыстоны Иугонд Паддзахады минæвар, Джастин Маккензи-Смит фыссы.
«Абон Гуырдзыстоны Гугутъианткарийы, Уæрæсе уæлæмхас телтæй æмбондтæ аразы. Уыдон бинонтæн хуымæтæг бинонтæн зындзинадæтæ саразыны æмæ бынæттон цæрджыты фæхицæн кæнынæй дарддæр, ницы нысан хæссынц. Уый хъуамæ урæд æрцæуа» – фыссы бритайнаг дипломат.
Уырыссаг æфсæддæттæ оккупацион хаххы цур, телтæй æмбондты монтажы нысанæй æфсæйнаг цæджындзты садзын абон сæумæрайсомæй сног кодтой.