Британийы гуырысхойваг равзæрды уырыссаг финанстыл хъоды сæвæрдзысты. Британийы хъахъæнынады нымæрдары фидиуæнæй, официалон Лондон æмбæлон ног закъон скусын кодта.
Скуыддзагы нысан у , æнæбæрæг амæлттæй райсгæ цыфæнды мулкъ бахыгъд.
Гевин Вилиамсон афтæдæр банысан кодта, цæмæй фæдылдзог къуыриты æмæ мæйты мидæг, проблемæты аскуыддзаг кæнынæн, Британи активонæй бакусдзæн.
Стыр Британийы премьер-министры скуыддзагæй, Британийæ 23 уырыссаг дипломаты феддæдуар кодтой. Британийы хицауады хъуыдымæ гæсгæ, дывæрон агенты Сергей Скрипалы фæхъæстæйы хъуыддаджы азмыджын у Уæрæсе. Лондон Уæрæсейы хицауадимæ бæрзонддæр æмвæзадыл каонтакттæ аскуыдта.