Борис Писториус -  Уæрæсе Украинайы арæнтыл нæ ныллæудзæн, уый афтæдæр тæссаг у Гуырдзыстонæн, Молдовæйæн æмæ фæстагмæ, НАТО-йæн дæр, уы тыххæй  хъуамæ адарддæр кæнæм Украинайæн æххуыс
Борис Писториус - Уæрæсе Украинайы арæнтыл нæ ныллæудзæн, уый афтæдæр тæссаг у Гуырдзыстонæн, Молдовæйæн æмæ фæстагмæ, НАТО-йæн дæр, уы тыххæй хъуамæ адарддæр кæнæм Украинайæн æххуыс

Уæрæсе  Украинайы  арæнты цур нæ  ныллæудзæн, Уæрæсе афтæдæр тæссаг  у Гуырдзыстонæн, Молдовæйæн æмæ фæстагмæ  НАТО-йæн дæр – уый фæдыл  Германийы хъахъхъæнынады министр  Борис Писториус  Бундестагы  дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

Германийы хъаъхъæнынады уагдоны къухдариуæггæнæгы дзырдæй, Уæрæсе хæсты экономикæмæ ахызт  æмæ дарддæр кæны  хæстæрмæгæй ифтонгад.

«Ма нæ хъуамæ бауырна, цæмæй Путин Украинайы  арæнтыл  ныллæудзæнис.   Уæрæсе  тæссаг у  Гуырдзыстонæн, Молдовæйæн æмæ фæстагмæ  НАТО-йæн дæр. Растдæр уый тыххæй хъуамæ адарддæр  кæнæм  Украинайæн æххуыс. Нæ  æххуысы  фæкъуыхцы кæнынæн катастрофон фæстиуджытæ  уыдзæн æнæрмæст Украинайы  уæлдæфон иргъæфæн.  Уæрæсейы  уæлахиздзинад, нын  алкæмæн, Украинайæн  æххуысæй бирæ фылдæр сбаддзæн» – райхъусын кодта Борис Писториус.