Борис Джонсоны хицауад фæнд кæны «ВВС»-ы финансдзинады æгъдæуттæ ногæй æркæсын
Борис Джонсоны хицауад фæнд кæны «ВВС»-ы финансдзинады æгъдæуттæ ногæй æркæсын.
Иугонд Паддазахады Æхсæнадон Фидиуæг куыд фыссы афтæмæй, ацы темæйыл зæгъгæ ныхас уый фæстæ райдыдта, консерваторты хицауад æнæрайгонддзинад куы равдыста «ВВС» «Брекситы» æмæ æвзæрстыты процесс куыд рухс кодта уый тыххæй.
Стыр Британийы финансты министры хæдивæг Риши Сунакъ райхъусын кодта, цæмæй Стыр Британийы премьер адæтта барамынд, цæмæй финансон уагдæттæ лицензион фиддонæй хи аиуварс кæныны тыххæй тугтæрхоны барадон сурыны аивыны фадæттæ абцахуыр кæной. «ВВС» растдæр лицензион фиддæнтæй æрбафтгæ суммæтæй финанс кæнынц. Фæнысангонд фиддон Дыккаг Дунеон хæсты фæстæ архайы, йæ нæбафысты цауы, æмбæстагы не рцахсынц, фæлæ йæ фæивар кæнынц.
Иугонд Паддзахады Æхсæнадон Фидиуæгы æнхъæлцæй, кæд Джонсоны инициативæ скусдзæн, уæд «ВВС» афæдзы мидæг 200 милуан фунт стерлингæй фæхъуаг уыдзæн.
Лицензион фиддон Стыр Британийы алы æмбæстаг фиды, кæмæндæриддæр хæдзары телевизор ис алчи. Афæдзон фиддон иу æмбæстагæн 52-йæ 154 фунт-стерлингы онг у.