Борис Джонсон – Ницы сахуыр кодтам Уæрæсейы агрессийæ, нæкæсгæ уымæ, æмæ федтам цы æрцыд Гуырдзыстоны 2008 азы æмæ Украинайы 2014 азы
Ницы сахуыр кодтам Уæрæсейы агрессийы дæнцыл, нæкæсгæ уымæ æмæ федтам цы æрцыд Гуырдзыстоны 2008 азы æмæ Украинайы 2014 азы – уый фæдыл Стыр Британийы премьер-министр Борис Джонсон, «Нью-Йорк Таймсы» публикацигонд авторон статийы фыссы.
Джонсоны дзырдæй, зæгъгæ ныр афон у, ныгуылæн активонæй хъахъхъæна Дунейы фæткæвæрд, Уæрæсейы архæйдтытæй, тыхæй архайгæйæ ногæй рафысса ацы уагæвæрд.
«Хъуамæ сæндидзын кæнæм эффективон уромыны механизм Европæйы, цы ран НАТО-йы æнтыст æмæ АИШ-ы æдадсзинады гарантитæ стыр рæстæджы дæргъы æвзæрын кодтой хиныфсджын кæнын. Ерын Европæйы цы уавæр ис уый тæфаг бахъардзæн æппæт Дунемæ» – фыссы Джонсон.
Стыр Британийы премьеры дзырдæй, зæгъг æнæмæнгхъугæ у Украинйæн æххуысы нысанæн æхсæнадæмон гуманитарон коалици саразын. Афтæма йæ дзырдæй, ацы нысанæн уый бадзырдтæ ауадздзæн Польшæйы, Словакийы, Венгрийы æмæ Чехы лидертимæ.
Борис Джонсон дзуры, цæмæй хъæуы фылдæр тыхархайд Украинайы иргъæфхъомад стыхджын кæнынæн æмæ Путины режимы фылдæр экономион æлхъывд.
Уыимæ ма Стыр Британийы премьер фыссы, цæмæй ныгуылæн хъуамæ йæхи аиуварс кæна Уæрæсеимæ ахастыты «быргæ фæхуыздæрæй».
«2008 азы Уæрæсейы Гуырдзыстонмæ бырст æмæ 2014 азы Хъырымы анексийы дæнц нын амоны, цæмæй Уæрæсейы агресси райсын, фылдæр агресси расайы. Нæй гæнæн бауадзæм, цæмй Кремль та акомдзаг кæна хæдбар бæстæйæ стыр хай æмæ йын æрхæсса егъау адæймагон рыст, æмæ уый фæстæ та æрыздæха йæ хуымæтæг бынатмæ» – фыссы Джонсон.
Стыр Британийы премьер-0министры фидиуæнæй, афтæдæр æнæмæнгхæъугæ у дипломатийы активизаци, фæлæ Украинайы максималон бастдзинадæй. Афтæма йæ дзырдæй зæгъгæ хъæуы евроатлантикон æдасдзинад стынг кæнын.
«Уый æххæсы НАТО-йы хурыскæсæн флангы стынг кæнын æмæ НАТО-ы уæнг кæцы бæстæ нæу уымæн фарс рахæцын, кæцытæ портенционæй сты Уæрæсейы агрессийы тасы раз. Ацы бæстæтæ сты Молдовæ, Гуырдзыстон æмæ хурныгуылæн Балканты паддзахадтæ» -фыссы Борис Джонсон.