Борис Джонсон хъусын кæны, цæмæй Украина æмæ Уæрæсейы æхсæн æхсты фæурæды фæдыл бадзырд нæ уыдзæн æгъгъæд Британийы æрдгæй Урæсейæн санкцитæ сыхалынæн
Британийы премьер-министр Борис Джонсон хъусын кæны, цæмæй Украинайы æмæ Уæрæсейы æхсæн æхсты фæурæды фæдыл бадзырд æгъгъæд нæ уыдзæн уымæн цæмæй Британи Уæрæсейæн санкцитæ сыхала. Информаци уый тыххæй хъусын кæны агентад «Ройтер».
«Премьер-министр райхъусын кодта, цæмæй æрмæст æхсты фæурæд нæ уыдзæн æгъгъæд Британийы æрдгæй Уæрæсейæн санкцитæ сыхалынæн. ЙÆ дзырдæй зæгъгæ, æлхъывд Уæрæсейы президент Владимир Путиныл хъуамæ фæкарздæр уа, куыд фидæнон экономикон мадзæлттæй, афтæ æфсæддон æххуысы æрдгæй дæр, цæмæй æрцæуа Уæрæсейы къурсы æххæстæй раивд» – райхъусын кодта Британийы премьер-министры прес-спикер.