Борджомы муниципалитеты зынгсирвæзт хуыссын кæныны процесс, вазыгджын рельефмæ нæкæсгæ, æнæруромгæ режимæй цæуынц.
Мидхъуыддæгты министрады хъусинагæй, нырма фиксир кæнынц артдзæстытæ.
Уагдоны информацийæ, зынгсирвæзт хуыссын кæныны операцийы район æртæ секторыл у дих æмæ æртæйы дæр активон локализацион, ликвидацион куыстытæ цæуынц.
«Интенсивонæй аразæм артдзæстыты онг бацæуæнтæ уæззау техникæ æмæ тракторты фæрцы. Ирвæзынгæнджытæ куыд индивидуалон ифтонггæрзтæй, афтæ зынвæдисонон автоцистернæты æххуысæй æххæст кæнынц зынгхуыссынгæнæн мадзæлттæ.
Премьер-министр ИраклийГъарибашвилийы барамындæй Борджомы муниципалитеты зынгсирвæзт ликвидацийы нысанæн, мидхъуыддæгты министрады, хъахъхæнынады министрады, регионон райрæзты æмæ инфраструктурæйы министрады æмæ æрдзы националон хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрадты æмбæлгæ куыстытæ минæвæрттæ координацигонд куыст кæнынц зынг ахуыссын кæнынæн. Ацы афонмæ æндæр æмæ æндæр типы куыстыты баст у 1 200-ы онг адæймаг.
Зынгы ликвидацион мадзæлтты хайад исынц 300 зынгхуыссынгæнæг-ирвæзынгæнæг æмæ сæрмагонд хæслæвæрдты департаменты 300 кусæг. Зынгхуыссын кæныны процессы афтæдæр баст сты арæйнон пъæлицæйы хæрдмæтæхджытæ æмæ мобилизацигонд у хъæугæ зынвæдисон-ирвæзынгæнæн автотехникæ. Дронтæй цæуы зынгсирвæзты мониторинг.
Бынатыл архайы оперативон штаб, кæцыйæн къухдариуæг кæнынц мидхъуыддæгты министры хæдивæг Иосеб Чъелидзе æмæ уæлвæтк уавæрты куысты хистæр Темур Мгъебришвили», – банысангонд у МХМ-ы информацийы.