Богдан Ауреску – Румыни йæ фарасдар у Бухаресты 2008 азы саммиты декларацийæн, кæыйы мидæг банысангонд у, ома Гуырдзыстон æмæ Украина суыдзысты альянсы уæнгтæ, активон йæ фарс хæцæм ацы рардæн
Гуырдзыстон æмæ гуырдзиæгтæм нын ис æнæрмæст символистон фæлæ ма фидар æмæ хъарм ахаст, уымæн æмæ тынг хæстæг стæм нæ хъуыдыйадæй æмæ рарды æрдгæй дæр, – уый фæдыл Румынийы фæсарæн хъуыддæгты министр Богдан Ауреску Бухаресты райхъусын кодта.
Богдан Аурескуйы фидиуæнæй, Румыни Гуырдзыстоны европаг æмæ евроатлантикон тырнандтимæ кæддæриддæр разы уыд.
«Йæ фарс хæцæм Бухаресты 2008 азы саммиты декларацийæн, кæцыйы мидæг банысангонд у, ома дыууæдæр бæстæ, Гуырдзыстон æмæ Украина суыдзысты альянсы уæнгтæ, домæнтæ куы сыххæст уыдзысты уæд. Тынг активон йæ фарс хæцæм ацы рардæн. Растдæр уый тыххæй цъус рæстæг размæ мах, Румыни æмæ Гуырдзыстоны æхсæн ахастыты æмвæзад стратегион партнерады онг сбæрзонддæр кодтам, Бухарестмæ Гуырдзыстоны президенты визиты рæстæджы», – райхъусын кодта Ауреску.