«Блумберг» – Дональд Трамп «Сабырдзинады советмæ» 49 бæстæйы æрбахуыдта, се æхсæн Китай æмæ Украинæ, хуынджыты номхыгъдмæ хауы Еврокамис дæр
Bloomberg-ы информацийæ, Дональд Трамп «Сабырады советмæ» 49 бæстæйы æрбахуыдта. Се `хсæн Китай æмæ Украинæ дæр. Æрхонджыты номхыгъдмæ хауы Еврокамис дæр.
Блумберг куыд фыссы афтæмæй, Газæйы фарстаты фæдыл «Сабырады советмæ» хуынтæ афтæдæр æрвыст æрцыдысты Казахстанмæ, Израилмæ, Сауды Аравимæ, Оманмæ, Австримæ, Албанимæ, Грецимæ, Японимæ, Хуссар Кореямæ, Ног Зеландимæ, Пакистанмæ, Румынимæ, Катармæ, Сингапурмæ, Словенимæ, Испанимæ, Таиландмæ, Узбекистанмæ, Вьетнаммæ æмæ афтæ дарддæр.
Уагдоны информацийæ, Дональд Трампы фæнды ацы къуыри Швейцарийы курорт Давосы Сабырадон Советы сырæзты фæдыл бадзырд бафыссын.
Давосмæ ацæуыны размæ, Трамп расидтис, цæмæй францаг сæн æмæ æрттиваг сæныл тарифтæ сфидар кæндзæн, кæд æмæ Францы президент нæ разы кæндзæн «Сабырады советмæ» бацæуыныл.