«Блумберг» - 1918 азы фæстæ фыццаг хатт, фæсарæйнаг валютæйæ æддæагон хæсыл, Уæрæсе райхъусын кодта дефолты тыххæй
Уæрæсейы 1918 азы фæстæ фыццаг хатт, фæсарæйнаг валютæйæ æддагон хæсыл дефолт райхъусын кодта_ – уый фæдыл информаци хъусын кæны «Блумберг.
Рауагъдады хъусинагæй, Уæрæсейы æрдгæй дефолты райхъусын кæнын уыдис ныгуылæйнаг санкциты кульминаци, кæцы сыхгæдта фæсарæйнаг кредиторты бафысты фæндæгтæ. 26 июны 100 милуанмæ хæстæг доллары бæрц проценты бафысты уæлбарджын период аивгуъыд æмæ кæд уый иу хатт фæуадзынц, уæд æмгъуыд нымад цæуы дефонлтыл.
Марты райдайæнæй бæстæйы евробондтæ проблемон æмвæзадыл базар кæнынц, централон банкы валютон резервтæ та салд сты æмæ ставддæр банктæ цух сты глобалон финансон системæйæ. Ивгъуыд къуырийы Уæрæсейы финансты министр, Антон Силуанов фехуъсын кодта, ома уырыссаг евробондтыл фæсарæйнаг валютæйæ фидтонты фæурдæ æмæ рублы схемæмæ ахизын нæ нысан кæны дефолт, уый цæуы форсмажоры тыххæй, æрмæст Уæрæсе та нæзагъд нæ кæны йæ хæстæ бафидыныл æмæ æххæст кæны алы архайд инвесторы онг суммæтæ æххæстæй фæхæццæ кæнынæн.