Биньямин Нетаньяху Иранмæ бартъхъирæн кодта. Израилы премьер-министр иуæй-иу авиа-базæмæ фæуазæг ис æмæ хæцæн хæдтæхæг Ф-35-ы фоныл журналисттæн ратта интервью.
Медиимæ ныхасы рæстæджы, Биньямин Нетаньяху банысан кодта, цæмæй цъус рæстæг размæ зæгъгæ сæм Иран æртъхъирæн кодта скуынæг кæнынæй.
«Уæ зæрдыл хъуамæ дарат цæмæй ацы хæстон хæдтæхджытæн сæ бон у Æввахс Скæсæны кæцыфæнды ранмæ атæхын, уый нымæцы Иран дæр ис æмæ Сирий дæр»,- райхъусын кодта Биньямин Нетаньяху.
Израилы премьер-министры фидиуæн фæстаг бонты айтынггонд фæзындтимæ баст у. Æвдæм июлы официалон Тегеран атомон бадзырды фæстиуæгæн ууыл æвæрд бæгъдуан фæкаддæр кæныны фæдыл райхъусын кодта. Сæрмагондæй та ураны сбонджын кæныны æвдисæг, бадзырдæй бæрæг 3,67 процентæй бæрзонддæр райрæзын кодта.
Фæнысангонды, Тегеран уый фæстæ ахицæн кодта, Дональд Трампы уынаффæйæ, Америкæйы Иугонд Штаттæ атомон фарстамæ гæсгæ бадзырдæй куы рацыд æмæ уымæй рæхджы Ираны Исламы Республикæйы ныхмæ санкцитæ куы скусын кодта.