Бидзина Иванишвилийы сидт Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм [видео]

Партий «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстоны»  сæрдар  Бидзина Иванишвили  басидтис  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæм.

«Мæ адæммæ  басидын мæ  фæнды.  Уыцы бæрны  тыххæй,  кæцы райстам  æмæ кæцыйæ бæрнон стæм уæ  раз!.

Фыццаджы дæр уын бузныг,   алкæмæндæр  кæцыдæриддæр нын ноджы иу хатт равдыста  æууæнк, бузныг уыцы адæймæгтæн,  кæцйдæриддæр бирæ  проблемæмæ æнæкæсгæ,  мах цы фæндаг сывзæрстам уымæй  ныфсджын у.  Фæлæ  абон,  мæнæн  сегасæй  нысаниуæгджын  у  баздæхон  зæрдæрыст чи фæцис  уыдонмæ!

Фæнды  мæ  зæгъон уый,  цæмæй уе нкъард æмбарын!  Æмбарын уæ зæрдæрыст æмæ   ныфссастдзинад; Æмбарын  райгонд кæй не  стут уый, уымæн  æмæ  нысаниуæгджынæй нæ фæхуыздæр ис  уæ цард;  æнæрайгонд стут уымæн цæмæй  хъуыды кæнут, ома иуæй-иу   гæстæ  адæмыл сагъæс  кæныны  бæсты,  сæхи дзæбæхцардыл  аудынц  æнæрайгонд стут уымæн æмæ  хъуыды кæнут,   цæмæй  нырыккон хицауад нæ  фæраст ис  æмæ нæ бахъом ис  рæстдзинад сæндидзын кæнын;

Фæлæ  абон сегасæй  ахсджиагдæр у, цæмæй  нæ фыдыбæстæ фæстæмæ  историон алвæндагыл лæууы –  ис дзы æнæраст  уынаффæты рахæссыны бæрзонд рискъ, фæлæ иурæстæгонæй  уый у  егъау фадæтты, ранæуæг кæныны сеппæтæй  хуыздæр момент.

Цалдæр мæйы  размæ  тыхбы бадæн  политикæмæ æрыздæхын. Уымæн  æмæ   уыдтон, цæмæй проблемæтæ  арфдæр кæнынц æмæ   сыл реагиркæныны  эффективон   механизмтæ  нæй.  Фæлæ  куыд фæбæрæг афтæмæй,   адæм  ноджы  хуыздæр уыдтой æмæ хатыдысты ацы  проблемæтæ.  Абон нæу  мæ бон  уемæ  ма сразы уон.

Фæлæ иу цыдæр алчи хъуамæ  нæ  зæрдыл дарæм!  Нæ æндæогъ  нæу политикон парти. Абон нæ ныхмæ, хъыгагæн лæууынц  фæстæмæ   реваншистон равгыл лæууæг  иугонд  тыхгæнджытæ.  Стыр  фыдæвзарæны раз  æмæ  уый гæнæн  та  раттам  нæхæдæг.  Хицауад  адæмæй  куы  фæхицæн вæййы, уæд иу  адæмы  æууæнк  фесафы,  æмæ мæ  ныр фæнды  зæгъын  алкæмæн:

Нæ политикон иугонд  арызт у æрмæстдæр адæмæн  лæккад кæныны тыххæй.  Мачи ахъуыды  кæнæт  цæмæй  партийæн  исты  хисæрмагонд  аргъ ис. Уый у  æрмæстдæр   фадат,  кæцыйы фæрцы  хъуамæ баххæссæм иуылбæрзонд  нысанмæ – адæмы  хуыздæр фидæнмæ.  Уый тыххæй дæр,  кæд «Гуырдзиаг Бæллицц»  нæ бахъом  уыдзæн кусын,  кæд искæцы   къалиу нæ фæраст ис адæмæн  лæккады æрдгæй, уæд æз  фыццаг ацæудзынæн йæ ныхмæ. Фæлæ нæй  гæнæн  ацы рæдыдтытæй  спайда  кæна тых, кæцыйы  реалонæй алы  уыцы  хæзна скуынæг кæнын фæнды, кæцытæ афтæ зынаргъ сты  махæн. Æнæмæнгхъæугæ у  ацы рæдыдты  расты рдгæй  фенын æмæ  скритикæ кæнын.  Опонент та æххæстæй тыхæй кусæг  гæдыдзинады  машинæйы  руаджы архайынц   алцыппæт ахахх кæнын. Уыдоны  рæдыдтыты рараст кæнын нæ фæнды!  Æрмæст сæ  фæнды  алцыппæты ныппырх кæнын  æмæ   сегасæй хъыгаг цы у,  цахæмфæндыдæр аргъæй!

Оппоненттæ  æрмæст мæнгыл æнцойæвæрд  кампаний  уадзынц. Адæмæн æдзæсгомæй  ахæм ныфсытæ æвæрынц, кæцы  парламентон  системæйы  президентон æххæстбартæй   дард у, æмæ ацы рæстæджы  æргомæй нын дзурынц адæймаджы  хъизæмары æмæ фыдмитæ кæныны  аххосджынты  ссæрибар кæныны  тыххæй, кæцы дзыллæйы  æфхæрдæй  уæлдай ма у  комкоммæ  дестабилизацийы  тас хæссæг.

2012 азы мах  аддæдуар кодтам  тыхмийыл бындурæвæрд  режим. Рацыдыстæм  тынг  вазыгджын  период  æмæ иурæстæгонæй  архайдтам, бæстæ стабилон   райтынгы  релсытыл  слæууын кæнын.  Ацы фæндагыл бирæ нысаниуæгджын æнтыстмæ æрцыдыстæм:

Паддзахадон рэкетæй  ссæрибар ис  бизнес, сæрибар у  медиа,  сæххæст æнæ иу  нысаниуæгджын     социалон программæ; иттæг вазыгджын экономикон уавæрты самал кодтам   регионон лидердзинад   æмæ  бирæ  ндæр.

Æхсæнадæмон аренæйыл  нæ америкаг æмæ  европаг   хæлæрттæ  иууыл дырысдæр   реалон перспективæйы  кæсынц  нæ бæстæйы НАТО æмæ  Евроцæдисмæ  интеграцийы.

Бирæ  рискъытæм æнæкæсгæ,   хæдбардзинад ногæй   сфидар кæныны  фæстæ,  Гуырдзыстонмæ никуы  уыдис  ахæм стабилон  райтынгы  азтæ.

Æмæ æнæкæсгæ  ацы æнтыстытæм, бæстæйы  сегасæй  сæйраг проблемæйæ  у  уæвæг  мæгуырдзинад.  Уымæ æмбæлгæйæ дæр, нæ  хъæуы  скуыддзагæнæг  ивдтытæ, фыццаджы дæр, социалонæй  сеппæтæй  æнкъараг  къордтæн.

Бирæ популистæй хъауджыйæ, цæй зæгъын æй хъæуы,  нæ фæныхас кæндзынæн конкретон  цифрæтыл, фæлæ  æнæмæнгæй зæгъдзынæн,  цæмæй пенсионерты æмæ  лигъдæттæн æххуыс  радикалонæй  ногæй æркæсинаг сты!  Уыдоныл аудын кой кæнын у  нæ  джелбетты  хъуыддаг æмæ мах уый  хъуамæ  бахъом уæм!

Æнæаргъæвгæйæ  хъуамæ  ивд æрцæуа къадрон политикæ, кæцы  бындурæвæрд æрцæудзæн   фæлтæрд  адæймæгтыл  æмæ  иугæндзонæй  йæхимæ ласдзæн ног  къадрты, сæрмагондæй  та æвзонгты.  Фæсивæд хъуамæ  баиу уа  бæстæйæн фæтк дæттыны æмæ  политикæйы  бакусыны  хъуыддагмæ!

Мæ хæлæрттæ, бæстæйы царды  иу  æрлæууынц фæсæттæн моментытæ,  кæцы рæстæджы дæр  иу, адæм свæййынц  эпохалон ивдтыты автор  æмæ нæ наци ахæм зондджындзинад бирæ хæттыты равдыста.

Фæнды мæ бакой уын кæнон  æвзæрстыты размæ цы райхъусын кодтон уый,  мæхимæ исын бæрн, цæмæй  иу афæдзмæ  сраст кæндзынæн алы  сахъат æмæ  ме ххæст ресурсæй  спайда кæндзынæн, цæмæй  бæстæйы   размæцыд  æнæфæцудгæ  суа.

Ныр сегасæй ахсджиаг у уый æмæ  хицауадыл, хицæн  чиновниктыл  мæстыйæ,  сæрмагонд  фидæн, бæстæ ма раттæм æфхæрдмæ  æмæ ма аппарæм  алцыппæт  цæуылдæр 2012-æм азы  нæ  туг æмæ хид калдтам.Уырнæг  дæн, цæмæй  не æвзарæн сараздзыстæм, нæ адæмы  фарны, сæрибардзинады,  джелбетт  бахъахъъæнынæн æмæ  иумæ  бахъом  уыдзыстæм  адæймагыл ориентацигонд  нырыккон  Гуырдзыстоны  рацаразын», – хъусын кæны Бидзина Иванишвили.