Бидзина Иванишвили – Мæ хъæбултæн уый йас уадзын, цæмæй ма фесафой исты ног саразыны, сæхи æххæстæй реализацийы æмæ стынг кæныны мотиваци
Мæнмæ æмæ мæ уды хаймæ ма баззайдзæнис 200 милуан АИШ доллар, кæцы ацы миллиард æмæ æрдæгæй хицæнæй сæрибар æхцайы хуызæй уыд – ахæм дзуапп дæтты «Гуырдзиаг Бæллицц-Демократон Гуырдзыстоны» сæрдар Бидзина Иванишвили журнал «entrepreneur»-ы фарстæн – цы бæрц финансон рексурс уадзы йæхимæ æмæ йæ бинонтæм фæлхас кæнынæн.
Бидзина Иванишвили куыд дзуры уымæ гæсгæйæ, зæгъгæ йæ хъæбултæн уадзы уый йас, цæмæй ма фесафой исты ног саразыны, сæхи æххæстæй реализацийы æмæ стынг кæныны мотиваци, кæцыйæн, дивидендды ныфсæй цæрын, гæнæн ис куылымпыгæнæг дæр уыдаит.
Журналисты фарстыл, куыд амбæлдысты зæгъгæ йæ хъæбултæ ацы уынаффæйыл, Бидзина Иванишвили дзуапп кæны, цæмæй уыдон æххæст æмбарынц йæ ахаст æмæ уынафæ дæр семæ разыйæ рахаста.
«Тынг райын мæ хъæбултæ амбицион, сфæлдыстадон равгы адæймæгтæ сты æмæ уырнæг дæн, мæнæй бархийæ дæр стыр æнтыстытæм æрцæудзысты. Сегасдæр сæйраг цы сын раттон у дзæбæх ахуырад æмæ афтæма ноджы иу ахсджиаг момент, – сæрибар барæвзар. Фæндыд нæ, сæхæдæг сывзæрстаиккон фидæны архайды сферæ, уымæн æмæ æнтыстæй къаддæр нысаниуæгджын нæу уый, цæмæй зæрдиагæй уарзай дæ куыст», – фехъусын кодта Бидзина Иванишвили.
Бидзина Иванишвили ацы интервьюйы афтæдæр банысан кодта, цæмæй уый æмæ йæ бинойнаг рахастой уынаффæ, йæ материалон активтæ æххæстæй, кæцытæ кредитон æмæ æндæр хуызы хæсистæй æфсæст не сты æмæ кæцытимæ архайын фондæн фæзын уыдаит, адæттой хæрзгæнæг фондмæ.