Бидзина Иванишвили – Квирикашвили хицаудзинад хъом нал уыд

Фыццаг Къаналы  алæвæрд –  «Актуалон Темæ  Мака Цинцадзеимæ иумæ»-ы  абоны    уазæг  уыдзæн партий «Гуырдзиаг Бæллиццы»  сæрдар Бидзина Иванишвилию

Гуырдзыстоны раздæры премьер-министр  Фыццаг Къаналимæ  фæныхас  кодта алы  уыцы  фарстайы фæдыл,  кæцытæ  баст сты  йæ политикæмæ  æрыздæхт æмæ  парти «Гуырдзиаг Бæллиццы»    плæнттæм.

Политикæмæ  æрæыздæхты  тыххæй  Бидзина Иванишвили хъусын кæны,  цæмæй  тынг    стыр уыд   балы  ныппырхуыны тас  æмæ   ацы процесс зæгъгæ  йæ  тæккæ  райдианы уыдис.

Бидзина  Иванишвии афтæдæр  фæныхас кодта раздæры   премьер Горги  Квирикашвилийы тыххæй.

«Тынг зын мын  уыдис  цалдæр бон,  куы  фæфиппайдтон,  цæмæй дзыллæйы  бæрæг  хай,  политикæйы  «Гуырдзиаг  Бæллиццы»  фæстæ,   мæгурдзинады  æмвæзад кæй  фæфыддæр ис  уый  тыххæй.   Дыууæ  банкъæй   бахордтой  æппæт бæстæ,  хæлд уыдис баланс   паддзахадон инетерсты æмæ  бизнесы интересты æхсæн  æмæ  уый  халæг та  уыдис Квирикашвили йæ  архæйдтытæй» – райхъусын кодта  Бидзина  Иванишвили.

Фарстыл, цæмæн  ацыд  Квирикашвили  йæ постæй, уый  Иванишвили банысан   кодта,  цæмæй  уый  хицау кæнын  хъом  нал уыд зæгъгæ.

«Уый  хицау кæнын  хъом нал  уыд.  Æрмæст  дыууæ  лæгимæ   иу  сразы  кодта    йæ  уынаффæтæ – Кумсишвилиæ æмæ  Алавидзеимæ,   æндæр  барвзар йæм нал уыд,  хъуамæ  ацыдаит  æмæ   афтæдæр   бакодта» – расидтис  Иванишвили.

Премьер-министры  Мамука Бахтадзейы тыххæй  та,   «Гуырдзиаг Бæллиццы»  лидеры дзырдæй,   уый   зæгъгæ   тынг разæнгард у, алы министрадæн  дæр баххуыс кæнын.

«Мамука Бахтадзе  разæнгард у  алы министрады  куыстмæ  бацæуа,   базона  сæ проблемтæ,   баххуыс сын кæна, ауадза  консультацитæ, кæцы  не  ххæстæуыд    Квирикашвилийы   хицаудзинады рæстæджы» –  загъта  Бидзина Иванишвили.

Уыйимæ  мæ  фидæн  президентон æвзæрстытæм гæсгæ,  Бидзина Иванишвили    райхъусын кодта ома,   партимæ  бирæ  аккаг кандидат ис зæгъгæ.

Алæвæрд  «Актуалон Темæ  Мака Цинцадзеимæ иумæ», абон  «Моамбейы»  сæйраг  рауагъды   фæуды  фæстæ,  21:45  сахатыл   ацæудзæн эфиры.  Уæрæх интервьюйы   алы детал та  уæ  бон у  нæ   бакæсат веб-фарсыл   1tv.ge.