Бидзина Иванишвили - Ираклий Шотадзейы куыстуагъд у уыцы бынтон ног стандарт, кæцыйы æрфидар кæнын уыд «Гуырдзиаг Бæллиццы» разамындæй сæххæст 2012 азы адæмон революцийы сæйраг нысан
Партий «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Бидзина Иванишвили Хоравайы уынгыл æрцæугæ марындзинады хъуыддаджы æмæ Ираклий Шотадзейы куыстуагъды фæдыл фидиуæн хæлиу кæны.
Бидзина Иванишвилийы фидиуæны уын æнхърамæ æнæивгæйæ:
«Хоравайы уынгыл æрцæугæ трагеди мæн дæр афтæ риссаг уыд, куыд æппæт гуырдзиаг дзыллæйæн – сымахимæ иумæ æздæр тынг интересджынæй дарттон мæ цæст расттæрхоны процессы цыдмæ æмæ ныфсджын уыдтæн, цæмæй ацы хъуыддагыл расттæрхон æххæстæй æмæ йæ афоныл сæххæст уыдаит. Æз мæхæдæг зонын Ираклий Шотадзейы æмæ мæ уырны йæ профессионализмы æмæ хæрзнамысджындзинад. Уырныдта мæ æмæ мæ ныр дæр уырны цæмæй Ираклий æмæ йæ уагдон æлцыппæт арызтой, цææмй алы фыдгæнæг адекватонæй дзуапп раттаит закъоны раз. Хъыгагæн, фæзындтæ афтæ айтынг сты, цæмæй фæдагуырды æууæнккагдзинад зианбаййафджытæм æмæ дзыллæйы бæрæг хаймæ гуырысхойаг фæкастис, кæцы сæйраг прокурроры æрдгæй расидтис æвæстиат тынг аккаг бæрзонд политикъон æмæ моралон бæрнæй едзаг къахдзæф.
Ираклий Шотадзейы куыстуагъд у уыцы бынтон ног стандарт, кæцыйы æрфидар кæнын уыд «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдариуæгæй сæххæст 2012 азы адæмон революцийы сæйраг нысан. Ноджы иу хатт мæ фæнды тæфæрфæс ракæнын зианбавзарæг бинонтæн æмæ ныфс разæгъын, цææмй расттæрхон, æнæмæнгæй сæххæст уыдзæн» – банысангонд у Бидзина Иванишвилийы фидиуæны.