Политикон иугонд «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстоны» сæрдар Бидзина Иванишвили, Гуырдзыстоны Израилы ног минæвар, Ран Гидоримæ фембæлд.
Парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» информацийæ, фембæлдыл æркастысты Гуырдзыстон-Израилы 26 æнусон хæлардзинад.
«Мæнæн тынг цин у, абон цытджын Бидзина Иванишвилийы æмæ йæ бинойнагы уазæг кæй дæн уый. Тбилисмæ 3 къуырийы размæ æрцыдтæн Израилы ног минæвары минæвары статусæй. Тынг мæ фæндыдис сæрмагондæй раарфæ кæныны сымахæн куыд Израилы стыр хæлæрттæн афтæ. Зонын, цæмæй цалдæр азы размæ премьер-министрæй уæвыны рæстæджы, фæуазæг стут Израилмæ. Ныфс мæ ис, цæмæй нæм ноджы æрцæудзыстут. Стыр бузныг уын уый тыххæй, цæмæй стут Гуырдзыстоны дзуттаг адæмы хæлар æмæ æнцой дарут сæ куыстæн, кæцыйæн мах бæрзонд аргъ кæнæм куыд Израилы афтæ Гуырдзыстоны. Спайда кæндзынæн ацы фадатæй, уæ бинонтæн æмæ Гуырдзиаг адæмæн раарфæ кæндзынæн ног аз æмæ уын ракувдзынæн фарн, æмæ уæ зæрдæтæ куыд барухс уой уыцы амонд» – райхъусын кодта Израилы минæвар.
Бидзина Иванишвили ныфс разагъдта ома Гуырдзыстон æмæ Израилы 26 æнусон хæларад, ноджы фæарфдæр уыдзæн.
«Историонæй зонут нæ ахаст æмæ мæхи персоналон ахаст ацы паддзахад æмæ нациимæ. Тынг уарзын дзуттаг адæмы. Дыууæ къуырийы размæ ахизын кодтам раздæры минæвары Шафтай Цуры, кæцыимæ стæм хæлæрттæ æмæ тынг хъал дæн уыцы хæлардзинадæй. Уырнæг дæн, ног минæвар дæр афтæ дзæбæх уыдзæн нæ бæстæйæн æмæ ноджы фæарфдæр кæндзыстæм нæ 26 æнусон хæлардзинад, кæцыйæ сæрыстыр стæм дыууæдæр нацийæ» – райхъусын кодта Бидзина Иванишвили.
Информацийы хъусын кæны парти «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстоны» пресс-куыст.