Ран Гидор - абон фыццаг хатт Гуырдзыстоны парламент Холокосты амæттæгты номарыны церемонийæн сфысым кодта, арфæгæнæг стæм уый тыххæй
Гуырдзыстоны Израилы минæвар Ран Гидоры фидиуæнæй, зæгъгæ райгонд у Гуырдзыстоны парламент Холокосты амæттæгты номарыны церемонийæн куы сфысым кодта уымæй.
Уый фæдыл Ран Гидор Гуырдзыстоны парламенты æмæ Гуырдзыстоны Израилы минæварады Холокосты амæттæгты кой æхсæнадæмон бонмæ нывонд иумæйаг мадзалы фæстæ журналисттæн загъта.
«Ивгъуыд азы Гуырдзыстоны хицауад ахицæн кодта, ома Холокосты койы æхсæнадæмон бон райстаит Гуырдзыстоны мадзæлтты официалон къæлидармæ æмæ абон фыццаг хатт, Гуырдзыстоны парламент Холокосты амæттæгты номарыны церемонийæн сфысым кодта. Тынг арфæгæнæг стæм ацы хæларзæрдæ жесты тыххæй æмæ сæрмагондæй мæхæдæг дæн тынг райгонд. Мæ фыд, холокостæй ффервæзгæ, кæцы 93 аздзыд у, амæйразмæ уыдис Тбилисы æмæ цæй зæгъын æй хъæуы бирæ уарзы гуырдзыстон. Афтæмæй, куы сæрмагондæй мæхæдæг, афтæ дипломатон æмвæзадыл, арфæгæнæг стæм ацы церемонийы тыххæй» – загъта Ран Гидор.