Бидзина  Иванишвили – Гиорги Квирикашвили  фæтк дæттын хъом нал уыдис,  æрмæст Алавидзе  æмæ Кумсишвилиимæ  иу  æрæмдзых кодта  уынаффæтæ
Бидзина Иванишвили – Гиорги Квирикашвили фæтк дæттын хъом нал уыдис, æрмæст Алавидзе æмæ Кумсишвилиимæ иу æрæмдзых кодта уынаффæтæ

Парти «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстоны»  срдар бидзина Иванишвили  Фыццаг Къаналы  алæвæрды «Актуалон Темæ Мака Цинцадзеимæ иумæ», фæныхас кодта  Гиорги Квирикашвилийы   куыстуæгъды æмæ уыцы  фембæлды  фæдыл,   кæцы  йæхæдæг  Бидзина Иванишвилийы,   раздæры  премьер Квирикашвилийы,  хицауады  уæды  рæстæгон  уæнгты  æмæ парламентон фылдæрты  хайадæй   ацыд.

Бидзина Иванишвили   куыд банысан кодта афтæмæй,   Гиорги Квирикашвилийы  йæ постæй   ацæуыны  аххос уыд уый,  æмæ раздæр премьер-министр  фæтк дæттын  хъом  нал уыд.

«Фæтк дæттыны уыцы методтæ,   кæцытæй  пайда кодта Гиорги Квирикашвили,  эффективон нæ уыд.  Бирæ  æнцонæмдрæгæйæ   куы зæгъæм,  уæд, Квирикашвилийæн нал æнтыстис къордонæй   фæтк дæттын,  кæцы æнæмæгхъæугæ у   æнæхъæнæй  фæткдæттынады,   уæлдайдæр    чысыл бæстæйы  æмæ   нæ  балы  цауы. Парламент практиконæй  ахицæн ис,  æмæ  уынаффæтæ  исты  процессы  баст нæ уыд.  Хицауады  мидæг дæр йын уыд  хæлæрттæ  фæлæ дзы  уым  æвзæр ницы ис.  Фæлæ  тынг арæх   хицауады мидæг дæр  не нтыстис принципон  фарстаты æркæсын  æмæ сыл æрфидауын.  Бæрæг куыд уыдис афтæмæй,   Гиорги Квирикашвили  фылдæр дыууæ лæгимæ,  Алавидзеимæ  æмæ Кумсишвилиимæ   иу  æрфидыдта  уынаффæты  фæдыл  æмæ  иуæй-иу  æрæджийау  уынаффæ  иу, уайтагъд    æнæцæттæйæ    райхъусын кодтой   дзыллæйæн. Бал цæттæ   кæй уыд, уый рахатын зын уыдис, уæлдай дæр парламенты.   Ацы проблем дæр,   иу  уайтагъд фæзындис  къордыл.  Квирикашвилийы фæткдæттыны методты  тыххæй,   къордыл фæзындис, цæмæй  тагъд  ныппырх уыдаит.  Нысан, цæй тыххæй  дæр ацы  къорд  æрымбырд ис,  сæ нымæцы  парламент дæр,   хайад райстаит  падзахады   рæзынады  процессы, вертикаль,  карздзинад, бынтон   хæлд уыд» –  райхъусын кодта Бидзина Иванишвили.