Бидзина Иванишвили – демокративон хæзнатæ бæстæйы афтæ тагъд æмæ рагафонæй æрфидар вæййынц æмæ сæ экономикæ не ййафы
Политикæмæ æрыздæхынæй мæ зæрдæ рухс кæй нæ уыдис уый фæбæрæг æмбырдыл мæ раныхасыл дæр. Абон дæр мæ бирæ кусын хъæуы, фæлæ банымадтон, цæмæй уый æнæмнгхъæугæ уыдис – уый фæдыл парти «Гуырдзиаг Бæллиц-Демокративон гуырдзыстоны» сæрдар, Бидзина Иванишвили фæныхас кодта, Фыццаг Каналы, алæвæрд – «Актуалон Темæ Мака Цинцадзеимæ иумæ».
Йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ политикæмæ æрыздæхыны бындур уыд æрмстдæр æнæмæнгхъæуæгдзинад.
Бидзина Иванишвили политикæмæ æрыздæхыны аххосыл ноджы иу хатт деталонæй фæныхас кодта.
«Æмбырдыл мæ раныхасы ранымадтон æртæ аххосы, æмæ сæ ам дæр рафæлхатт кæндзынæн, фæлæ акцентытæн сæ рад аивдзынæн. Æмбырдыл фыццаг цы загътон уый уыдис æмæ ныр дæр у уый æмæ Гуырдзыстоны сырæзт прецедент кæмæн нæй ахæм цау, ахæм чысыл экономикæ кæмæн ис, ахæм цыбыркъух бæстæйы цауы, демокративон хæзнатæ Европæйы, ныгуылæн Европæйы размæцыд бæстæтимæ сбарын гæнæн кæй ис уый, цæй зæгъын æй хъæуы, цъус афæстиат ис, фæлæ уæддæр ис гæнæн абарын уымæн æмæ æгæр хæстæг сты» – райхъусын кодта Бидина Иванишвили æмæ банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны экономикæйы гæнæн ис нцонтæй аййафа мæгуыр бæстæйы экономикæ.
ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, уыцы фоныл, бæстæ мæгуыр куы у æмæ алкæмæн алцæй бар ис, кæцы итæг хорз у, фæарфдæр ис æмæ райрæзтис зæгъгæ адæмы нымæц дæрæ æмæ сæ разагъдтæ дæр, чидæриддæр проблемæты тыххæй уæгъдибарæй ныхас кæны, æмæ абон та ныхас кæнынц уыдон дæр, кæцытæ раздæр никуы хастой сæ ныфс исты зæгъын.
«Ахæм уавæры бæстæ мæгуыр куы у æмæ алкæмæн та алцæй бар ис, кæцы иттæг хорз у – демокративон паддзахады хæзнатæ дæр раст уымæй бæрæг сты, цæмæй алцыппæт дæр максималонæй адæймагыл ориентацигонд у. Адæймаг æмæ дзыллæмæ хъуамæ уа, æнæрмæст сдзырды сæрибардзинад, æндæр æм æндæр демокративон хæзнатыл куы мацыуалæ зæгъон, фæлæ ма дзы уыдонæй спайда кæныны фадат дæр. Ацы фоныл цæй зæгъын æй хъæуы фæарфдæр ис æмæ райрæзтис уыцы адæмы нымæц æмæ дзырдæй ралæудтæ дæр, кæцытæ иу никуы сдзырдтой проблемæты тыххæй . Абон ныхас кæнынц æмæ критиконæй дзурынц уыцы адæм дæр, кæцыиæ раззаг хицауады рæстæджы тынг æвзæр позицитыл уыдысты»- райхъу сын кодта Бидзина Иванишвили.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм фоныл, арæх медиа дæр фæуæлдай кæны, фæлæ партий «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар куыд загхта афтæмæй, фæлтау медиа уæлдæйттæ кæнæнт, цæйнæфæлтау арæнгонд уа йæ куысты зæгъгæ.
«Ацы фоныл тынг архæ медиа уæлдæйттæ дæр дзуры, фæлæ сæрибар медиа дзæбæх у, фæлтау медиа уæлдæйттæ кæнæнт, цæйнæфæлтау арæнгонд уа йæ куысты. Демокративон фадыг уыййас цырдæй рæзы æмæ йæ экономикæ не ййафы. Мæ зæрдыл дарын уый æмæ демокративон хæзнатæ афтæ рæхджы æрфидар вæййынц нæ бæстæйы, æмæ сæ экономикæ не ййафы» – райхъусын кодта Иванишвили.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый тыххæй дæр зæгъгæ, бæрæг хайæ, паддзахад æмæ паддзахады стабилондинад зæгъгæ ис гæнæн зæгъын æмæ æдых у.
«Бæрæг хайæ паддзахад æмæ паддзахады стабилондзинад æдых у, уымæн æмæ дзæбæх зонут, дзыллæйы стыр хайæн нæй элементарон куыстбынæттæ, арæхн нæ бахъом вæййынц сывæллæттæн ахуыры хца бафидын, афтид уазалгæнæнтæ … ацы фоныл максималонæй рæвдзгонд куы у дзырдты сæрибардзнад æмæ æндæр демокративон хæзнатæ, бæстæйы бирæ авантюрист кæй ис, сææрмагондæй та æнæбæрнон оппозицйы æрдгæй, уæд æгæр тæссаг у ситуацийы фæткдарын æмæ дзы гæнæн ис уæлæмхасæй мæ сæрмагонд ресурс дæр бахъæуа» – райхъусын кодта Бидзина Иванишвили.
Уый куыд банысан кодта афтæмæй, политикæмæ йæ æрыздæхты иуæй-иу нысан дæр раст уый уыдис.