Бидзина Иванишвили - Æнæруадзгæ у Гуырдзыстоны парламенты оккупант паддзахады минæвар къухдариуæг кæна цыфæнды хуызы форумæн, уый фæдыл æнæмæнгæй хъуамæ уа æмбæлон реакци
Æххæстæй разы дæн не мбæстæгты зæрдæргом мæстыдзинадимæ Гуырдзыстоны парламенты айтынггонд фæзындты тыххæй, – уый фæдыл партий «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдары, Бидзина Иванишвилийы фидиуæны дзырдæуы кæцыйы публикаци кæны партий «Гуырдзиаг Бæллиццы» пресс-куыст «Фейсбукы».
«Æнæруадзгæ у Гуырдызстоны парламенты оккупант паддзахады минæвар къухдариуæг кæна цыфæнды хуызы форумæн. Куыд мын хъусын кæнынц афтæмæй, ай уыд политикъон рæдыд, кæцыйы политикъон нысаниуаг, хъыгагæн организатортæ сæ зæрдыл нæ бадардтой, кæцыйы фæдыл æнæмæнгæй хъуамæ уа æмбæлон реакци. Æз нырид фæнысан кодтон парламенты рдаримæ, равдыстон нæ карз позици æмæ, цæй зæгъын æй хъæуы, мæ рекомендаци уыд, ацы рабадт æнæаргъæвгæйæ аскъуынын», – хъусын кæны Бидзина Иванишвили.