Бидзина Иванишвили 9 апрельмæ гæсгæ фыстæг хæлиу кæны- «Бон кæцы 30 азы размæ ног эпохæ сæвзæрын кодта»
Партий «Гуырдзиаг Бæллицц –Демокративон Гуырдзыстон»-ы сæрдар Бидзина Иванишвили публикаци кæны фыстæг 9-æм апрелы 30-æм азы сæры фæдæл.
«Гуырдзыстоны историй йæ зæрдыл дары бирæ бонтæ, кæцытæ фæбæрæг кодтой гуырдзиаг адæмы амонд æмæ нæ бæстæйы фидæн. Раст ахæм бон у 9-æм апрелы Бон. Бон, кæцыйæ æртын азы размæ райдыдта ног эпохæ.
Советон империйы апологеттæй фыдыбæстæйы ссæрибар, Гуырдзыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад – уыдис егъау националон идея, кæцыйы алыварс баиу ис æппæт наци.
1989 азы 9 апрель уыд иуæй-иу сеппæтæй трагикъондæр бонтæй, фæлæ ацы бон ссис сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадæн нæ тохы символæй – националон энерги, кæцыйы райстам бæстæйы æххæст историйы дæргъы, æрымбырд ис чысыл фæзыл, æмæ æнæкæсгæ тугкалдмæ, гуырдзиаг адæм моралон уæлахизгондæй рацыд ацы æнæмсæр хæстæй.
Иунæг тых, кæцыйæ нæ адæмæн йæ бон уыд афтид къухтæй йæ ныхмæ слæууын дурзæрдæ советон режимæн – уыд советон танкъыты ныхмæ слæууын, æмæ фыдыбæстæйы бæлвырд уарзт. Раст ахæм ахаст æмæ эмоци нын раттой фадат, нæ сæрибардзинадæн тох кæнын рационалон донвæды æмæ дыууæ азы фæстæ, 1991 азы 9-æм апрелы, ацы тохы логикъон фæстиуæгæй, Звиад Гамсахурдиа райхъусын кодта Гуырдзыстоны паддзахадон хæдбардзинад ногæй рацарæзты фæдыл.
2012 азы 9-æм апрелы, Гуырдзыстон йæ хæдбардзинады дыууын фыццæгæм азы сæрыл амбæлд бæстæй демократийы фæдыл дзырдæппарæн цухæй, едзаг ахæстæттæй, хъус медийæ, оккупиргонд территоритæй æмæ скæсæйнаг тиранийы циникъон моделæй, кæцы æлхæдта демократийы маскæ, адæмы дзиппытæй давд хцайæ, куыд бæстæйы мидæгæй – афтæ йæ арæнты æддæйæ. Ахæм уыд нæ паддзахаддзинады траекторий.
Æнæкæсгæ уый æппæтмæ, 2012 азы 1 октябры, гуырдзиаг адæм бахъом ис диссаджы уæлахиздзинадмæ æрцæуын. Бирæты нæ уырныдта, цæмæй пырхгæнæг революцион сценаритæй, гражданон конфронтацитæ мæ æмидхæстæй цухæй уыд гæнæн барадон тыгъдады фæуæлахиз уын, фæлæ ацы эмоционалон ахастæй æмæ рационализмæй сфæрæзтам æнтыстмæ æрцæуын – афтæ æнæриссагæй аиуварс кодтам тыхмигæнæг режим, æнæ тугæй, æмæ сæхæдæг дæр бирæ рæстæджы дæргъы нæ уыд сæ бон уый бауырнын.
Бæстæйы стабилонæй райрæзтæн æнæмæнгхъæугæ сты реалистикъон рардтæ, быхсын æмæ фæтк. Прогресс нæу виппайдон процесс. Хъæуы йын дæргъвæтин гражданон сабырад. Раст ахæм уавæр, кæцыты дæр уыдыстæм 1989 азы 9 апрелы, æмæ ничи никæй фарста, раздæр кæм лæууыдис, эгоимз æмæ къæныхдзинад иумæйаг хъуыддаг куы нæ куылымпы кодтой, адæм райгонд куы уыдысты националон змæлды уæвынæй нæ фæлæ ма националон змæлд уыдис сæхи мидæг.
Нæ политикъон ивгъуыдмæ æнæкæсгæ, абон æмбæстæгтæ хъуамæ баиу уой иуæмйаг мысанмæ æрцæуынæн.
Уый нæ нысан кæны цæмæй хæъуы мысæн схафын, цæмæй кæмæндæр йæ фыдракæнд исчи ныббардзæн, фæлæ хъæуы зæрдыл дарын цæмæй нæ «хæйрæг» хицæнтæ кæны æмæ нæ иппæрдзинады æрдæм басхойы.
Абон, ивгъуыдмæ æрыздæхæн нал ис. Нæ рæзты нæм кæсы æрмæстдæр рационалон политикæйы æрдæм фæндаг, фæндаг размæцыд æмæ демократийы æрдæм. Гуырдзиаг паддзахады змæлды æнæфæцудгæдзинад, æнцойæвæрд у æрмæстдæр иуæймаг нысæнтты æрдмæ æппæт æхсæнады разыдзинадыл.
9 апрель нын кæддæриддæр ракой кæны уый тыххæй», – дзырдæуы фыстæджы.