Бибылты Анатолий - Арчил Татунашвилийы марды радæттыны æркуырды афтæ æнцонæй сæххæст кæнын нæ бон нæу
«Æппæт дунейы афтæ у, æмæ махæн нæ бон нæу Арчил Татунашвилийы буары радæттыны æркуырды афтæ æнцонæй сæххæст кæнын – уырыссаг медийы хъусинагæй, уый фæдыл оккупацигонд Хуссар ирыстоны де-факто президент Бибылты Анатолий райхъусын кодта.
Оккупацигонд Цхинвалы информацион фæрæз «РЕС» та фыссы, цæмæй Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, хъуамæ сын уа фадат Арчил Татунашвилийы мардæн саразой экспертизæ.
«Тынг дзæбæх æмбарæм, цæмæй тæрхонон-медицинон экспертизæ архайы Европæйы æмæ Америкæйы дæр. Хъцамæ нын ратта фадат, саразæм алцыппæт закъонмæ куыд æмбæлы афтæ. Дæнцæн, Гуырдзыстоны тæрхонон-медицинон экспертизæйæн, иуыл цъус, иу мæй бахъæуы» – расидтис Бибылты Анатолий фæскавказы æдасдзинады фарстыты Женевæйы бадзырты æмсæрдæрттимæ фембæлды рæстæджы.