Теа Цъулукиани – датæтæ ныхасы темæ не сты, ныхасы темæ Арчил Татунашвилийы мардыл дзыллæйæн фæкæуыны фадат раттын у
Теа Цъулукиани – датæтæ  ныхасы  темæ не сты,  ныхасы темæ Арчил Татунашвилийы мардыл дзыллæйæн фæкæуыны фадат раттын у

Юстицийы министр Тея Цъулукиани  Арчил  Татунашвилийы  буар раласыны  датæйыл нæ  ныхас кæны.

Цъулукиани ныфс æвæры,  цæмæй Арчил Татунашвилийы  бинонтæн æмæ   æхсæнадæн  тагъд фæзындзæн  фадат йæ ном ссарой фæмардуæвæгæн  æмæ йæ куыд æмбæлы афтæ бавæрой.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ,  исты датæты зæгъын уæззау архæйдтыты  æмæ  бадзырдты  процессы  ме рдыгæй дæр  нæ уыдзæн раст.  Уый тыххæй дæр, абон датæты фæдыл ныхас нæ цæуы,   ныхасы темæ у  æмæ фидæны дæр уыдзæн  марды буары раласын   æмæ бинонтæн,  махæн  алкæмæндæр  дзыллæйæн  фыдохы  бар раттын у, уымæн æмæ ай у алы адæймагы  бар, уый ынмæцы  ахæм трагеди  куы æрцæуы йеуæд дæр.

Уымæ æмбæлгæйæ,   куыст дарддæр кæны  æмæ  ныфсджын дæн, цæмæй  нæм нæ марды  тагъд ратдзысты уый тыххæй, цæмæй йын   йæ мад, йæ фыд  æмæ  æппæт дзыллæ   йæ ном ссарæм, æмæ йæ  куыд æмбæлы афтæ бавæрæм» –  райхъусын кодта Теа Цъулукиани.

Паддзахадон æдасдзинады  куысты информацион-аналитикон департаменты  хистæры  хæдивæг, Каха Кемоклидзе  хъусын кæны, цæмæй сæм цы информаци ис ууыл æнцойæ,  Арчил Татунашвилийы  абон  раласдзысты.