Бибылты Анатолий – Гуырдзыстонæн ис фарсхæцджытæ, кæцытæ зонынц, Ирыстоны цы æрцыд esq, фæлæ сæ нæ фæнды, Михеил Саакашвии ахæстоны бада
Бибылты Анатолий – Гуырдзыстонæн ис фарсхæцджытæ, кæцытæ  зонынц, Ирыстоны цы æрцыд esq, фæлæ сæ нæ фæнды,  Михеил Саакашвии ахæстоны бада

Цхинвалы оккупацион   режим Уæрæсе æмæ   Гуырдзыстоны æхсæн  транзитон къæлидоры  скусын кæныныл диалогмæ цæттæдзинад равдыста.  Уырыссаг  агентад  «РИА Новостиимæ»   интервьюйы Бибылты  Анатолий  дзуры,  цæмæ зæгъгæ Цхинвал  транзитон   къæлидоры байгомы   ныхмæ нæу.  Фæлæ  оккупацион  режимы минæвар   цалдæр  разæууæлы  тыххæй ракой кодта.

«Цæттæ стæм  транзитон   къæлидоры  фарст æркæсæм, разы  стæм транзиты байгомимæ,  фæлæ  уыцы  бадзырдæй, цæмæй Хуссар Ирыстон процессы  æххæстбарджын  уæнг  куыд уа – афтæ»  хъусын кæны журналистимæ ныхасы  рæстæджы  Бибылты Анатолий.

Афтæдæр йæ ныхæстæмгæсгæ,   Гуырдзыстонимæ диалог  райдайын  уый фæстæ  уыдзæн гæнæн,  Тбилис, Цхинвалмæ  бырстыл куый  басæтдзæн,  хатыр ракурдзæн  æмæ  фыдгæнджыты  дзуаппмæ куы ратдзæн уæд.

«Гуырдзыстон  хатыр хъуамæ ракура  æмæ  ацы агресийы  зылынджынтæ чи сты  уыдон, дзуаппмæ лæвæрд  хъуамæ æрцуæуой, кæнæ гуырдзиаг   тæрхондонæй  кæнæ æхсæнадæмон   трибуналы æрдгæй.  Хъыгагæн, абон  Гуырдызстонæн ис  фарсхæцджытæ, кæцытæ  зонынц,  цæмæй  цы æрцыд  Ирыстоны, фæлæ сæ нæ фæнды,  Михеил Саакашвии ахæстоны бада» – дзуары  Бибылты  Анатолий.

Бакой уын кæндзыстæм,  2018  азы  18 майы  Уæрæсе  къух бафыста  бадзырдыл,  кæцы Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы  æхсæн  транзитон   къæлидорты  саразын дары  йæ хъуыдыйы.  Ацы  къæлидортæ   уагъд хъуамæ æрцæуой,  Уæрæсейы  оккупацигонд  Абхазий æмæ  Цхинвалы территоритыл.

Дзырдæуы нырма  2011 азы  ноябры,Тбилисы æмæ  Мæскуыйы  къухбафыст   бадзырдыл,   кæцыйы практикон реализаци, куылымпы кодта    Уæрæсейы   ныхмæлæуды тыххæй. 18 майы  Уæрæсейы  федералон советы   къухдариуæгæнæджы  къухбафыст   документ, Уæрæсе-Гуырдзыстоны  æхсæн, уаргъты  бынативджы мониторингы  æмæ  таможнæты  администрирдзинады  механизмы  бындурон принциптæ  бæрæг кæны.

Афтæма, Уæрæсе къух бафыста  бадзырдыл  швейцариаг компани  SGS-имæ, кæцы  транзитон  къæлидорты  уаргъты мониторинг  хъуамæ  сæххæст кæна.