Белорусы скъолайы ахуырæгнинаг, ахуыргæнæг æмæ æхуыргæнинæгтæм кардимæ балæбурдта
Белорусы сахар Столбцыйы æхсæнадон скъолайы ахуырæгнинаг, ахуыргæнæг æмæ æхуыргæнинæгтæм кардимæ балæбурдта.
Белорусы мидхъуыддæгты министрады хъусинагæй, ахуыргæнæг æмæ иуæй-иу æнахъом, райсгæ цæфты фæстиуæгæн æрбамардысты. Дыууæ фæцæфуæвæг ахуыргæнинагы та фæхæццæ кодтой рынчындонмæ.
Бырсæг у 2003 азы гуырд, 10-æм класы ахуыргæнинаг. Уый цауы бынатæй алыгъд, фæлæ йæ полици уайтагъд рацахста. Ныр скъолайы фæдæвзарæг-оперативон къорд кусы.