Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон - Белорус æмæ  Гуырдзыстоны æхсæн ахастытыл æнцойæ,  Абхаз æмæ Цхинвалы регионы а.х  хæдбарад  банымады фарста  бонвæткы нæй
Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон - Белорус æмæ Гуырдзыстоны æхсæн ахастытыл æнцойæ, Абхаз æмæ Цхинвалы регионы а.х хæдбарад банымады фарста бонвæткы нæй

Белорус æмæ  Гуырдзыстоны æхсæн ахастытыл æнцойæ,  Абхаз æмæ Цхинвалы регионы а.х  хæдбарад  банымады тас  бонвæткы нæй – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусын кæнынц.

Уагдон дзурынц, цæмæй  уырыссаг журналист Владимир Соловьевимæ белорусы президент, Александр  Лукашенкойы  интервьюйы хицæн скуыддзаг  уырыссаг медиайы барæй  акценттæ æмæ   интерпретацитæй  ахæлиу ис.

«Белорус æмæ Гуырдзыстоны æхсæн  уæвæг  дыууæфарсон  ахастытыл æнцойæ,  Гуырдзыстоны территориты, Абхаз æмæ  Цхинвалы регионы а.х.  хæдбарад банымады тас, бонвæткъы нæй.  Белорус ацы æрдгæй,  у  æхсæнадæмон барады фундаментон   принципты иузæрдион.

Уырыссаг телеканалимæ  Белорусы президенты интервьюйы тыххæй  куы зæгъæм,   йæ интервьюйæ хицæн  скуыддзæгтæ,  раздæр куыд уыд афтæ ацы хатт дæр, барæй  акценттæй у   интерпретацигонд  уырыссаг медийы  æрдгæй  æмæ афтæ уыд лæвæрд æхсæнадмæ» –  райхъусын кодта фæсарæн хъуыддæгты  министрады пресс-спикер  Мари Нарчемашвили.

Дзырдæуы  уырыссаг рауагъдадты информацийы  тыххæй, ома  Лукашенко  Абхазы æмæ а.х. Хуссар Ирыстоны  хæдбарад банымад нæ цух кæны.  Журналист, Лукашенкойы  фарста, зæгъгæ   кæд хъавы  Белорус Абхаз æмæ а.х. Хуссар Ирыстоны  хæдбарад банымайын, цæуылдæр Лукашенко  дзуапп ратта –« ис ахæм æнæмæнгхъæуындзинад?…  куы бамбардзынæн æмæ  мын президент зæгъдзæн цæмæй æнæмæнгхъæугæ у….».