Белорусы сæйраг горæты абонмæ пълангонд у дыууæ демонстраци ауадзын
Белорусы сæйраг горæты абонмæ пълангонд у дыууæ демонстраци ауадзын.
Минскы хæдбардзинады фæзыл абон президент Александр Лукашенкойы фарсхæцæг митинг ацæудзæн.
Бынатыл нырид æмбырд кæннц, акцийы хайадисджытæ, афтæма бынатмæ ракодтой хъæууон-хæдзарадон техникæ. Фæстæдæр Хæдбардзинад фæзыл пълангонд у нтихицауадон цыд. «Марш Сæрибардзинадæн», кæцыйы хайадисджытæ Александр Лукашенкойæ куыстуагъд , политахæстты ссрæибар кæнын æмæ демонстрантты ныхмæ тыхархайæг барадхъахъхъæнджыты фæхæрдмæ раттын домынц.
Протестон рацыдтæ Белорусы 9 августы президентон æвзæрстыты фæстæ цæуынц.