Батумы, «Алт Инфойы», Озургеты та сæ бындурæвæрд  «Консервативон змæлды» офисты цур хъæлæба уыд
Батумы, «Алт Инфойы», Озургеты та сæ бындурæвæрд «Консервативон змæлды» офисты цур хъæлæба уыд

«Алт Инфо»-ы Батумы офисы цур уыд хъæлæба.  Организаци  «Альтернатива» йы  къухдариуæггæнæг  Хатуна Беридзе  офисы цур  бацыд  æмæ  бæстыхайы дуарыл  ахорæн бакалдта. Йæ ныхæстм гæсгæ,  Гуырдзыстоны  уырыссаг   офисты бынат нæй.

«Гуырдзыстоны  уырыссаг  офистæ нæ ныууадздзыстæм.  Адон сты  уæйгæнджытæ  æмæ  гадзрахатгæнджытæ.  Зæгъæт нын, цамæ уæй  кæнынц  фыдыбæстæ  æмæ  сын бамбырд кæндзыстæм æхца. Цалынмæ удæгас дæн, адон ныхмæ тох кæндзынæн», – рахъйусын кодта  Хатуна Беридзе.

Йæхи æрдгæй  «Алт Инфойы» минæвар Гога Кадидзе  банысан кодта, цæмæй   зæгъгæ  бавдисæт сын документ кæцы сбæлвырд кæндзæн, цæмæй  сæ  финанс  кæны  Уæрæсе.

«Адон нын ницы бацамондзысты, куыд хъуамæ  архайæм, уый  нæ бады   дзырды  сарибардзинады.  Иу документ мын сывæрæт,  цæмæй  мæ  финанс кæны  Уæрæсе.  Æз дæр нымайын,  цæмæй  Украинайы  ис хæст, хæст райдыдта Уæрæсе  æмæ уый  у æлгъаг, адоны  фæнды хæст райдайæт махмæ дæр», – райхъусын кодта «Алт Инфойы»  минæвар Гога Кадидзе.

Хъæлæба  æмæ быцæудзинад уыд Озургеты, Тахъаишвилийы  уынгыл, цы  ран  «Алт Инфойы»  балы бындурæвæрд  политикон парти «Консервативон Змæлды» офис ис.

Æмбæстæгтæ  офисы раз рымбырд сты  æмæ «Консервативон ЗмæлдЫ»  минæвæртты  хуыдтой  проуырыссаг тыхæй æмæ  бæстæйы гадзрахатгæнджытæй, кæцы расайдта  быцæудзинад.

«Уырыссаг партиты бынат нæй  куыд Гуриайы, афтæ æнæхъæнæй  Гуырдзыстоны. Акцитæ  адарддæр уыдзысты, цалынмæ ацы офис æхгæд не рцæудзæн уæдмæ. Бацæуæм алы ахæм  офисы цур  æмæ спротест кæнæм», – хъусын кæнынц   акцийы  хайадисджытæ. Бынатыл   мобилизацигонд уыдысты  барадхъахъхъæнджытæ.