Басилашвили  Меццы   турниры   фыццаг этап æнæгуызавæйæ ацыд
Басилашвили Меццы турниры фыццаг этап æнæгуызавæйæ ацыд

Гуырдзиаг  теннисист  Николоз Басилашвили æнтыстджынæй  фæцис   Францы   сахар  Меццы  цæугæ   АТР-ы  турниры  фыццаг этап.

Дунейы  31-æм номыр,   дыууæ с еты  мидæг басаста  31 аздзыд  францаг  Кени де Шеперы, кæцы  дунейы   186-æм номыр  у.  Фембæлд  æрмæст сахат æмæ   5 минут аххæссыд.

Гуырдзиаг  ерысгæнæг  æнтыстыджынæй  хъазыд   сæрмагонд фæзыл – дыууæ сеты рæстæджы йæ  геймты  æрмæст аст (!)  баллы  фæбарста.

Фыццаг сеты  Басилашвили  дыууæ  брейкы   рамбылдта, дыккагы  та  брейк-поинт уыд, фæлæ   матч  тайм-брекмæ  ахызт,  кæцыйы  Николоз Басилашвили   рамбылдта.

Иннæ  этапыл  Басилашвилийы  æндæогъ уыдзæн  австралиаг  Бернард  Томичы æмæ  францаг  Уго  Умберы  матчы  чи фæуæлахиз уа  уый.