Бардарæг Шио, Илья Дыккагæн арфæ кæны  Патриархæй суæвыны  40 азы  сæр
Бардарæг Шио, Илья Дыккагæн арфæ кæны Патриархæй суæвыны 40 азы сæр

Æппæт  Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархы,  Илья Дыккагы   патриархæй суæвынæй  40  азы æххæст кæны.Ацы датæмæ гæсгæ,   сом   сæумæрайсом, Светицховелийы  кафедралон  аргъуаны  уагъд æрцæудзæн  бæрæгбонон куывд.

Уæдмæ та, иу бон раздæр,  Самебайы  кафедралон аргъуанйы  Илья Дыккагæн бæрæгбонон   датæ раарфæ кодта  йæ  ивæг   Бардарæг  Шио.

«Абон ноджы иу  хатт  пайда  кæнæм фадатæй æмæ арфæ кæнæм  нæ  зынаргъ Павтриархæн  ацы  нысаниуæгджын датæ,  уымæн æмæ  40  азы  дæргъы æмæ уымæй размæ дæр,  уый сæйраг аргъуанархайæг  ку уыдис уæд,  Моисей  пехуымпарау  раздзог уыд йæ   адæмæн  æмæ  йæ бæстæйæн Хуыцауы æрдæм фæндагыл.   Кувæм йын   бирæ цæрæнбон, цин, æмæ уæлахисдзинæдтæ  æмæ уыйимæ  иумæ   куыд фæуæлахиз уа нæ адæм  нæ аргъуан æмæ  нæ бæстæ  куыд баиу уа   уый амонд»  – бансан кодта  Бардарæг Шио   традицион  хуыцаубонон   динамынды рæстæджы.