Бардарæг Шио -  Абон хатыры  Хуыцаубон у, фæнды мæ  фехъусын уын кæнон Патриархы  куывд æмæ арфæтæ
Бардарæг Шио - Абон хатыры Хуыцаубон у, фæнды мæ фехъусын уын кæнон Патриархы куывд æмæ арфæтæ

Патриархы æмбынативæг  бардарæг Шио  Самебайы  кафедралон   аргъуаны  æрвмбырдуæвæг   рæстдинонтæн  ныххатыры  хуыцаубонмæ гæсгæ  Патриархы   куывд  æмæ арфæ  фехъусын кодта.

Бардарæг Шио   ацы боны  нысаниуæгыл  фæныхас кодта æмæ банысан кодта,  цæмæй зæрдæйы   ахæм маст дарын  кæцыйы нæ нæыххатыр кодтай,  стыр зиан хæссы  удæн дæр.

«Арфæ уын кæнын  абоны бон,  абон   хуыцаубон  хуыйны   хатыры хуыцаубонæй,  райсомæй райдайы стыр  мархо æмæ йæ раззаг бон –  Хуыцаубон  кастæуы  евангелий,   кæцы райдайы  Йесо  Чырыстийы  амындæй   ныххатыры  фæдыл,  уый тыххæй дæр   ацы  хуыцаубон  хуыйны   хатыры  хуыцаубонæй.  Фæнды мæ  фехъусын уын кæнон Æппæт Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриархы   куывд  æмæ арфæ.  Хуыцау нын амоны абоны  евангелийы,    ныббарут   адæймæгтæн сæ   тæригъдтæ,  æмæ  уын  Дунейысфæлдисæг Хуыцау ныббардзæн уæ тæригъæдтæ сымахæн.

Дæ   зæрдæйы   маст куы дарыс  æмæ  адæймагæн нæ ныббарыс  йæ  рæдыд йæ тæригъæд,  уæд  зæрдæйы мидæг маст вæййы æрхъисау,  æмæ нæ   хъыг дары,  нæ нæ  уадзы  цæмæй  нæм  хæрзиуæг æрхæццæуа» –  банысан кодта  бардарæг Шио Самебайы кафедралон   аргъуаны  хуыцаубонон  куывды  фæуды фæстæ,   динамынд фæрсыны рæстæджы.