Сырх Майрæмбон  Самебайы кафедралон аргъуаны [Фото]
Сырх Майрæмбон Самебайы кафедралон аргъуаны [Фото]

Абон у Сырх Майрæмбон у   – Сыгъдæг къуырийы кадджындæр бон. Рæстдинон аргъуан мысы Йесо Чырыстийы дзуарыл байтынг, дзуарæй йæ сисын æмæ йæ баныгæнын. Абон аргъуанты æххæстгонд цæуы диныл хæст кæныны æгъдау.

Самебайы кафедралон аргъуаны куывд æххæст кæны Патриархы æмбынативæг епископ Шио.

Сыгъдæг Майрæмбоны аргъуанты нæй куывдтæ, уымæн æмæ, Евангелимæ гæсгæ, Хуицау йæхи нывондæн æрхаста, цæмæй адæмы сæ тæригъæдтæй ссæрибар кæна. Куывды рæстæджы кæронмæ ахæццæ вæййы Сыгъдæг сахат, кæцыйы рæстæджы кæсынц Хицауы хъизæмæртты Евангели.

Уырнæг адæм ацы бон æйчытæ сырхæй ахорынц. Фыцынц Куадзæны гуылтæ дæр, уымæн æмæ Евангелимæ гæсгæ Йесо Чырыстийы дзуарыл байтыгътой дзуттаг Пасекы бæрæгбоны.