Баракъ  Обама   FoxNews –мæ кæсджытæ æмæ  York Times  чи фæрсы  уыдон, хъауджыдæргонд реалондзинады цæрынц
Баракъ Обама FoxNews –мæ кæсджытæ æмæ York Times чи фæрсы уыдон, хъауджыдæргонд реалондзинады цæрынц

АИШ-ы  раздæры президент  Барак Обамайы  ныхæстæм гæсгæ,  абон зæгъгæ  АИШ-ы  медиаæрдз ахæм у æмæ, FoxNews-ы æмæ The New York Times-ы  фæрсджытæ,хъауджыдæргонд  реалондзинады  цæрынц.  Ацы фидиуæны  Барак Обама,

Хьюстоны  уагъд мадзалылы  дзырдæй ралæуды рæстæджы  сарызта.

«1981 азы  ног  хабæртты  боны  фæткъ нырма  уыдис   уыцы  фæзындтæ,  кæцыты рухс кодтой «Асошиэйтед прес», Washington Post кæнæ New York Times  æмæ æртæ  уацхæссæг компани.  Афтæмæй  кæцыфæнды комментаторæй  ма байхъуыстаиккат  ацы  хабæрттæ, алчи  йæ фæдыл  цыдысты æмæ  бæлвырд кодтой   фактыты.  Уымæй  та  уыдис  уыцы  сæйраг фæндаг,  кæцыйы уылты цыд  алы ф арс дæр» – райхъусын кодта Обама.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   алцыппæт уый  ныр ивд  у æмæ æндæр æмæ æндæр уацхæссæгы  кæсджытæ  æндæр æмæ æндæр  реалондзинады  фæвæййынц.

Фæстаг  иртасæнтæм гæсгæйæ,  АИШ-ы  æмбæстæгты  64% хъуыды  кæнынц, цæмæй медиа  АИШ-ы сцырын кодта   дзыллæйы адих кæнын.