Радон матч Дунейы Чемпионатыл, кæцыйы фæлгæтты фембæлдысты, Швейцарий æмæ турниры сæйраг фаворитыл нымад Бразилий. Фыццаг таймы Бразилимæ уыд егъау территорион уæлидзинад, кæцы айрæзт логикъон голмæ. 20-æм минуты Фелипе Коутиньо ивары фæзыгæй рахауд порти баурæдта æмæ йæ дард уæллаг къуымы æрдæм ныццавдта – 1:0. Уый фæстæ Бразилий цымæ æрсабыр ис æмæ швейцариæгтæн ратта уæгъдæй сулæфыны фадат, уыдон та цалдæр цымидисон бырст сæххæст кодтой.
Дыккаг таймы уавæр бирæ нал фæивдта, фæлæ швейцариæгтыл зындис цымæ фылдæр мотивиргонд уыдысты уый æмæ тагъд, хаыгъды фæивын дæр сын бантыстис. Къуымон зæбулцæфы фæстæ, порти сæрæй ныццавдта Стивен Цубер æмæ хыгъд виппайды скодта 1:1. Бразилийы матчы рамбулынмæ сцырын ис фæлæ дунейы фондзхаттон чемпионтæн къæм баппарын нал бантыстис. Матчы кæронбæттæн хыгъд – 1:1 сфиксир ис, кæцыйæ бирæ райгонддæр баззад Швейцарий.
Фæдылдзог матчы Бразилий фембæлдзæн Коста-Рикаимæ, Швейцарий æмæ Сербиимæ ахъаздзæн. Дыууæдæр матч сырæздзæ 22 июны.