Бельгий Дунейы Чемпинаты бронзæ майдантæ рамбылдта (видео)

2018 азы Дунейы Чемпионаты  æртыккаг бынатæн  схæцыдытсы   Бельгий æмæ Англисы  æмбырдгæндтæ.

Балтæ   цæугæ   Дунейы  чемпионатыл   кæрæдзииммæ фембæлдысты  дыккаг хаат,  æмтгæй райсгæйæ  та,   мундиалты историйы – цыппæрæм хатт.  Фыццаг фембæлд  ацы    æмбырдгæндты  æхсæн сырæзт 1954  азы  Швейцарийы  уагъд  дунейы  чемпионаты  къордон этапы  матч  фæцис  хыгъдæй 4:4,  уый фæстæ 190 азы  фембæлды фæуæлахиз сты  англисæгтæ – 1:0, фæстаг матч  та  цæугæ  чемпионаты  фæлгæтты  сырæзт  æмæ  уым Бельгий  фæуæлахизщ ис  хыгъдæй  1:0.

Æртыккаг бынатæн матчы  хыгъд фыццаг минутты   бакодтой.   4-æм минутыл   белдьгиæгты  цырд  контратакæ  фæцис  Томас Муниейы  голæй.  24-æм минутыл  хыгъд  сраст кæнын  шанс  уыдис  Харри Кейнм  фæлæ  дырыс  ныццæвын нæ  бахъом ис.

70-æм минутыл   Дайер иунæгæй  баззад Куртуаимæ  æмæ  пурти дæр эффектонæй  арвыста  дуæрттæ  фæлæ  сæрмагонд  бал  фервæзын кодта Альдервайрелд.   Стæй   Белгий  баппæрста  дыккаг гол дæр.   82  минуты  æмбырдгонды капитан, Эден Азар  дыккаг  гол баппæрста.  Æппæтыфæстаг хыгъд –Бельгий 2:0 Англис.

Бронзæ майдан бельгиæгтæн  дунейы  чемпионатты историйы   сеппæтæй  хуыздæр  фæстиуг у.  Уыдон 1986 азы  бацахсгæ  4  бынаты   фæстиуæг фæхуыздæр кодтой.

Рафыссут нæ  уникалон аппликаци   FIFA 2018! Android  iOS

Æмæ  уæм уыдзæн фадат,  оперативонæй   базонат  алы  цымидисон  хабаримæ,   матчыты  бæлвырд  ранывæст, фæстиуджытæ  LIVE-режимæй  æмæ  саразат  уæхи сæрмагонд прогноз!

Матчыты  бæлвырд  ранывæзт  -Дунейы Чемпионат  Фыццаг Къаналыл!