Азербайджаны сæйраг горæты, Бакуйы абон хæсты уæлахиздзинады нывондæн масштабон æфсæддон парад ацыд.
Парадыл уыд Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъан дæр.
Парады 3 000-ы онг æфсæддон райстой хайад. Бавдыст уыд 150-ы онг иуæг хæцæн техникæ, сæ нымæцы нырыккон æфсæддон техникæ æмæ ракетон-артиллерион, афтæма ракеты ныхмæ хъахъхъæнæн системæтæ. Парадыл бавдыст уыд уыцы æфсæддон трофей, кæцыйы азербайджайнаг æфсад фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы байстой.
Парадыл дзырдæй ралæууыд Азербайджаны президент, кæцы цæрджытæн уæлахиздзинад раарфæ кодта.
«Азербайджан 44-бонон тохы фæуæлахиз ис. Басаста Сомихыстон. Кæрон скодта оккупаци. Ацы 44 бонæй алы бон у не номдзыд истори. Азербайджайнаг æфсад æрвылбойнонæй размæ цыдис.
Абон сæрыстырæй мæ бон зæгъын у, цæмæй Азербайджан йæ нысанмæ бахæццæ ис, сæндидзын кодта историон рæстдзинад, æхсæнадæмон барад», – райхъусын кодта Ильхам Алиев.