Бахрейны америкаг адмиралы мардæй ссардтой

Америкаг  адмиралы, кæцы Æввахс Скæсæны  АИШ-ы  денджызон  æфсæддон тыхтæн сæрдаруæг кодта, Бахрейны  мардæй  ссардтой.

Пентагоны  куыд райхъусын кодтой  афтæмæй,  Скотт  Стэрн  АИШ-ы  фæндзæм  флотæн къухдариуæг кодта. Æфсæддон бæрзонд гæсы мард йæ  резиденцийы  ссардæуыд.

Фæдагуырд вице-адмиралы  адзалимæ баст  гуырысхойаг  аууæлттæ  не  ссардта.

АИШ-ы денджызон  æфсæддон  тыхты сæргълæууæг  куыд хъусын кæны, афтæмæй  Бахрейны  мидхъуыддæгты  министрад хъуыддаджы детæлтты  æвзары æмæ  америкаг фарс семæ  къуындæг æмгуыт кæны.