Бадри Патаркацишвилийы  бинонтæ хæлиу кæнынц фидиуæн -  Ныфсæ нæ  ис, марындзинады заказдæтджытæ æмæ æххæстгæнджытæ тызмæг æфхæрд æрцæудзыссты
Бадри Патаркацишвилийы бинонтæ хæлиу кæнынц фидиуæн - Ныфсæ нæ ис, марындзинады заказдæтджытæ æмæ æххæстгæнджытæ тызмæг æфхæрд æрцæудзыссты

Бизнесмен  Бадри Патаркацишвилийы  биноæнаг Ина Гудавадзе  æмæ сæ  хъæбултæ  Гуырдзыстоны  прокуратурæйы  æрдгæй  Бадри Патаркацишвилийы  марындзинады  æрцæттæйы  хъуыжжагмæ гæссгæ,  цæугæ  фæдагуырдыл  фидиуæн хæлиу кæнынц.

Бинонтæ  фæдагуырды  цыбырдæр æмгъуыдты  фæуды  æмæ   марындзинады  заказдæтджыты æмæ  æххæстгæнджыты  тынг  каз бафхæрын  домынц.

«Æнæксгæ уымæ, цæмæй  фæдагуырд  нырид рагæй ф æстæмæ   даргъ кæны,  прокуратурæйы  абоны  брифинг уыд  фидар шок нæ бинонтæн. Зын  у  уый радæттын  цы  хатынц  бинонтæ, кæцытæ  фæхъуаг  сты  Бадрийæ уыцы рæстæджы,   эфиры  фæрцы  куы  хъусæм   ныхæстæ уый фæдыл, цæмæй  куыд план кодта  йæ марындзинад.

Курæм,  æхæстаргъджын  фæдæвзарæны  цыбырдæр æмгъуыдты  фæуын æмæ   ныфс  дарæм, цæмæй чидæриддæр ацы  фыдми план кодта, марындзинады  заказдæтыджтæй  райдайгæ, йæ  æххæстгæнджыты банымадæй,   закъоны æххæст тызмæгдзинадæй  дзуаппмæ  лæвæрд æрцæудзысты» –  банысангонд  у  Бадри Патаркацишвилийы  бинонты  фидиуæны.

Гуырдзыстоны прокуратурæйы  информацийæ, Бадри Патаркацишвилийы  марындзинады  æрцæттæйы  факт бакондæуыд. Сæйраг прокуратурæйы  информацийæ,  Тæрхондоны лæвæрд  тæрхоныскуыды   бындурыл,  кусæн  æхæстбарты сæрты ахизыны æмæ   уæззау  аууæлтæй   арызт  марындзинады  æрцæттæйы  фактыл, ахст æрцыд   конституцион æдасдзинады  департаменты Тбилисы  сæйраг  уагдоны  дыккаг  уагдоны  фыццаг куысты  раздæры хистæр Гиорги Меребашвили, дыккаг сæйраг уагдоны  хистæры раздæры  хæдивæг  Леван Кардавайæн æмæ ацы уагдоны  дыккаг куысты  хистæрæн  Реваз  Шиукашвилийæн  та  бавдыстæуыд  аххосаг.