Азийы Рæзынады Банк Гуырдзыстоны рæувадат цæрæн хæдзæртты проекттæн, 10 милуан доллары кредит сбæлвырд кодта
Азийы Рæзынады Банк (ADB) æмæ ÆÆ «Оптима» къух бафыстой 10 милуан АИШ доллары бæрцæй кредитыл Гуырдзыстоны сæйраг горæты рæувадатæ æмæ фидар цæрæн хæдзæртты саразыны нысанæн.
Азийы Рæзынады Банкы информацийæ, кредит сфинанс кæндзæн ныллæг æмæ астæуккаг æфтиагджын цæрджытыл нымад 3 700 рæувада æмæ энергоэффективон хæдзарæй арызт дыууæ цæрæн комплекс. Уый Хуссар Кавказы æмæ Централон Азийы цæрæн хæдзар саразынæн хицæн секторæн лæвæрд ADB-ы фыццаг кредит у.
Уыимæ иумæ, Гуырдзыстоны ADB-ы иугæндзон минæварады директор Шейн Розенталь райхъусын кодта, цæмæй хæдзæрттæ уыдзæн рæувадат, энергоэффективон æмæ дзæбæх арызт, кæцы карджынты, амалхъомдзинад цух уæнгты, сылгоймæгты æмæ сывæллæтты æмбæлгæ цæрæнуатæй сифтонг кæндзæн.
2019 азы горæты хицауад бавдыста план сæйраг горæты фидар урбанон рæзынады, тыгъдад сплан кæныны æмæ инклюзивон инфраструктурæйы баахъаз кæнынæн. Афтæма хицауад горæты гом тыгъдадты, гендерыл ориентацигонд проектиркæныны нысанæн, урбанон рæзынады æмæ æрдзы хъахъхъæды горæты куысты гендерон уынаффæгæнæджы роль сфидар кодта.
«Махæн стыр цыт у, рæувадат цæрæн хæдзæртты фæдыл Азийы Рæзынады Банкæн, регионы ай фыццаг проект куы у уый» -райхъусын кодта m2-ы къорды æххæстгæнæг директор Николоз Медзмариашвили.
«Хæс астæуккагæмгъуыдджын финансдзинады фадат дæтты Тбилисы рæувадат цæрæн хæдзæртты проектты сыххæст кæнынæн. Нысаниуæгджын у цæмæй проектиркæнынад здæхт уыдзæн бæрзонд стандарты энергоэффективондзинады æмæ физикъон рæувадатдзинад сфидар кæнынæн» – райхъусын кодта Розенталь.