Азийы Рæзынады Банк Гуырдзыстоны  хицауадæн æххуыс кæны вакцинацийы  националон план рапарахаты хъуыддаджы
Азийы Рæзынады Банк Гуырдзыстоны хицауадæн æххуыс кæны вакцинацийы националон план рапарахаты хъуыддаджы

Азийы  Рæзынады Банк  (ADB) Гуырдзыстоны  хицауадæн  æххуыс кæны  (Ковид19) пандемийы  ахæлиу  ма руадзынæн,  вакцинацийы националон  план рапарахаты хъуыддаджы.

«Азийы  Рæзынады Банкы æххуысæй,  министрад бафæрæзта экспертты  цырд мобилизаци скæнын  æмæ  æххæстаргъджын план бакусын, кæцы нын баххуыс уыдзæн   нысанмæ æрцæуынæн 2021 азы кæронмæ  Гуырдзыстоны 1.7  милуан  æмбæстагы вакцинаци  ауадзынæн», – фехъусын кодта  æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзе.

Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа 21  январы цы  план сфбæлвырд кодта,  уый  фæрцы  гæнæн бауыдзæн бæстæйы  «Ковид-19»-ы  вакцинаци æнтыстджынæй æрфидар кæнын, вакцинацийы  сæххæст æмæ  цæстдарынад, вакцинæ  рæувадат куы суыдзæн  уæд.  План йæ хъуыдыйы  дары  вакцинацийы барадон, регулиргæнæг æмæ  институцион  аспекттæ,  уазал рæхыс æмæ  логистикæйы домæнтæ  æмæ  сæххæсты процессы  цæрджыты  нысанон   приоритетон  къордты равзарыны принциптæ.  ADB  фундаментон роль сыххæст кодта   планы  рапарахаты  координацигонд  архайдæй  æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунейон организациимæ, ИНО-ы сабион фондимæ, Дунеон Банкимæ æмæ Рæзынад æндæр партнертимæ иумæ.

«Ковид-19»-ы  вакцинацийы  националон план  нысаниуæгджын  разæууæл у  коронавирусы  вакцинаци Гуырдзыстоны  рæувадат скæнынæн  æмæ вакцинацийы  æнæкуылымпы, æнтыстджын сæххæст», –  райхуъсын кодта  Шейн  Розенталь, ADB-ы иугæндзон  минæварады директор Гуырдзыстоны.

1966  азы  бындурæвæрд  организаци иу  кæны  68 бæстæйы, сæ нымæцы,  49 Азийы  регионæй.