Азийы рæзынады банкъ Гуырдзыстоны экономикон рæзынады прогноз фæкаддæр кодта
Азийы рæзынады банкъ (ADB) Гуырдзыстоны экономикон рæзынады прогноз фæкаддæр кодта.
Ног хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, 2019 азы Гуырдзыстоны æмтгæйон мидпродукты рæзт, 4.7 процент уыдзæн, 2020 азы та -4.6 процент. Дыууæдæр цауы, прогноз раззаг хыгъдлæвæрдтимæ абаргæйæ, 0,3 процентæй фæкъаддæр ис.
Прогноз фæкъаддæр кæнынын иуæй-иу æфсонæй, бæстæйы инвестициты фæкъаддæргонд гуырахст хонынц.
Гуырдзыстоны хицауады прогнозæй, экономикон рæзынад ацы аз бæстæйы 4.5 процент уыдзæн, Æхсæнадæмон Валютон Фонды прогноз та – 4.6 процент у.
Афтæма, Азийы рæзынады банкъ райрæзын кодта цæугæ азы экономикон рæзынады прогнозтæ регионы бæстæтæн – Сомихыстонæн 0,5%, 4.8 проценты онг; Азербайджанæн 0,1 процентæй, 2,6 % онг.