Азийы Рæзынады Банк – Гуырдзыстоны экономикæ 2021 азы 3.5 процентæй райрæздзæнис
Гуырдзыстоны экономикæйы рæзт 2021 азы 3.5 процентæй у æнхъæлмæкæсинаг, коронавирусон низы (ковид-19) панедмийы фæурæды нысанæн уагæвæрд тобæты этапгай фегомы æмæ мид æркуырды сцырын кæнынын фæрцы, – дзыпрдæуы Азийы Рæзынады Банкы (ADB) ног хыгъдлæвæрды.
Азийы Рæзынады прогнозмæ (ADO) гæсгæйæ, 2021 – банкы сæйраг æрвылазон экономикон рауагъдмæ гæсгæйæ, Азийы Рæзынады Банк, Гуырдзыстоны æмтгæйон мидпродукты 2022 азмæ 6% рæзты æнхъæл у, уымæн æмæ экономикæйы æххæстæй байгом æмæ туризмы æнхъæлмæкæсинаг сног кæнын, балцы æмæ базарады стимуляци кæндзæн.
«Туризмыл баст экономикæмæ куыд æмбæлы афтæ, пандемиимæ баст тобæты этапгай фегом цæугæ азы экономикон рæзт хъуамæ сног кæна æмæ 2022 азмæ та йæ ноджы фæцырддæр кæна. Вакцинаци у экономикæйы цырдæй сæндидзын кæнынæн хуыздæр амал. Иурæстæгонæй лыстæг æмæ астæуккаг кондадтæн финанстæ рæувадат скæнын, электронон коммерцийы фæхуыздæр кæнын æмæ хъæууон хæдзарады трансформаци хæлцады продуктты экспорты фæфылдæр кæныны нысанæн, Гуырдзыстоны экономикæйы дæргъвæтин рæзынады æмæ цæрджыты экономикон фарны разæууæл у», – райхъусын кодта Гуырдзыстоны Азийы Рæзынады Банкы иудадзыг минæварады дирекктор Шейн Розенталь.
Азиии Рæзынады Банк 2021 азы инфляцийы 5.0 проценты онг фæсындæг кæныны прогноз дæтты, 2022 азы та – 3.5 проценты онг. Архайæг хыгъдты дефицит 2021 азы æмп-ы 10 проценты онг фæкаддæр уыдзæн, 2022 азы та 7 проценты онг, уымæн æмæ базайрагы баланс æмæ туризм этапгай рæзынц.