Азийы Рæзынады Банк Гуырдзыстонæн рауæлдай кодта 70 милуан АИШ доллары кредит
Азийы Рæзынады банк (ADB) абон сбæлвырд кодта 70 милуан АИШ доллары бæрц кредит, Гуырдзыстонæн баххуыс уыдзæн, бæстæйы æнтыстждын кусæг тыхы æмæ экономикæйы конкурентхъомад райрæзын кæнынæн, хæрзгъæд профессион ахуыр æмæ бацæттæгæнæн къурсытæ рæувадатдзинад фæхуыздæрæн.
ADB-ы централон æмæ ныгуылæн Азийы социалон секторы хайады диретор Рие Хираока куыд райхъусын кодта уымæ гæсгæ, ахуырад æмæ фæлтæрдты тынгад 21-æм æнусы сегасдæр æнтыстджын экономикæйы бындур у.
«Программæ къух араздзæн фæлтæрдтæ тынгадæн æмæ фæхуыздæр кæндзæн къурсфæудгондтæн кусæнуаттæ ссарыны фадæттæ Гуырдзыстоны, райрæзын кæндзæн бæрзондмыздджын куыст ссарыны æмæ æфтиæгты фæфылдæр кæныны шанстæ. Афтæма иттæг нысаниуæгджын сты фæлмæн фæлтæрдтæ, сæ нымæцы, коммуникаци, проблемæты алыг æмæ къордон куыст»,- загъта Рие Хираока.
Азийы рæзынады банкы информацийæ, 2018 азы Гуырдзыстоны хицауад райста ног закъон бæстæйы профессион ахуыры æмæ бацæттæйы рапарахат кæнынæн, фæлæ ацы æрдæмадæн хъæуы политикæйы æиæ институцион фæлгæттæ дарддæр стынг кæнын æмæ йæ гъæд фæхуыздæр кæнын, уымæн æмæ нырыккон уавæрæй рахатинаг у æнæмбæлондзинад куыстбазарыл уæвæг домæнты æмæ системæ цы къадртæ цæттæ кæны, уыдон æхсæн.
Афтæма сæ хъусинагæй, «Ковид-19»-æй равзæргæ æгуыстдзинады рæзт рагхыгъдгæнгæйæ, проект арызт у уыцы фадгуытæ стынг кæнынæн, кæцытæ пандемийæн бафæразыны хъуыддаджы сæрмагондæй нысаниуæгджын сты кæнæ та экономикон стынг кæныны процессы хайбавæрд скæндзысты, цахæмдæр сты информацион æмæ коммуникацион технологитæ æмæ медицинон æмæ фармацевтон кондад. Уый сфинанс кæндзæн электронон ахуыр райдаын æмæ бацæттæ кæндзæн сегасдæр фылдæр зианбавзарæг къабæзты кусджыты, цæмæй сын ног фæлтæрдтæ райсын æмæ уыцы сферæты куыст ссарыны баххуыс уа, кæцыты дæр æркуырд у бæрзонд.
Проект афтæдæр сфинанс кæндзæн фæлтæрдтæ тынггæнæн дыууæ инновацион хаб саразын Кутаис æмæ Телавы уæвæг профессион ахуыргæнæндæтты. Уым бæрзонд гъæды бацæттæ-ногæй бацæттæ цæудзæн экономикæйы авд приоритетон къабазы: электронон инженерий, информацион æмæ коммуникацион технологитæ, медицинон æмæ фармацевтон кондад, мода æмæ дизайн, доны инженери, мебелы кондад æмæ хъæддæсныйон куыст æмæ лæггад (фысымдзинад æмæ туризм).
ADB-ы нысанæн æвæрынц, къухацаразын Азийы æмæ Сабыр Океаны регионы æнтыстджын, бирæфарсон, æнæцудгæ рæзынадæн. Иурæстæгонæй, уый дарддæр кæндзæн кусын регионы фырмæгуырдзинад бындзарæй къахынæн. 1966 азы бындурæвæрд организаци иу кæны 68 бæстæ, сæ нымæцы 49 стыр Азийы регионæй.