Азийы Рæзынады Банк 100 милуан доллары бæрц кредит сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны фискалон менеджменты, капиталы базарты æмæ пенсион системæйы реформæ баахъаз кæнынæн
Азийы рæзынады банкы информацийæ, фискалон фидардзинады æмæ социалон хъахъъхæдады программæйы дыккаг дæлпрограммæ 2020 азы бæлвырдгонд Фыццаг дæлпрограммæйы фæстиуджытыл бындурæвæрдæй сыххæст уыдзæн. Фыццаг дæлпрограммæйæн йæ нысан уыд «Ковид-19»-ы пандемийы периоды Гуырдзыстоны макроэкономикон стабилондзинадæн къухацаразын.
«Гуырдзыстон æнтыстджынæй бахъом ис «Ковид-19»-ы æртхъирæнæн, кæцы виппайды экономикон рæзты фадат ратта бæстæйæн, фæлæ геополитикон фæзындтæ гнæнæн ис, экномикон прогнозтæ фæзын кæна. Фæнысангонд фдæлпрограммæйæ Азийы рæзынады банк йæ къух аразы Гуырдзыстонæн, райдайгæ реформæты процессы кæронмæ бакæныны, кæцы фадат ратдзæн хицауадæн, финансон рискъытæн фæтк дæттын, рапарахат кæна капиталы базартæ æмæ афтæдæр социалон хъахъхъæды программæтæ» – рпайхуъсын кодта Азийы рæзынады банкы централон æмæ ныгуылæн Азийы департаменты генералон директор Евгений Жуков.
Азийы рæзынады банкы хъусын кæнынц, цæмæй дыккаг дæлпрограммæ ахъаззаг уыдзæн бæстæйы институционалон потенциалы рæзтæн, æрдзон тасæй æмæ климаты ивдæй сæвзæргæ фискалон рискытæн фæразондзинад сбæрзонддæр кæныны нысанæй.
Гуырдзыстон «ADB»-ы унг у 2007 азæй æмæ банк бæстæйы райрæзтæн ахъаззаг иуæй-иу ставддæр бирæфарсон партнер у. Гуырдзыстонæн бæлвырд кредитты æмтгæйон нымæц 2,92 млрд АИШ доллары, æрмæст техникон æххуысы нымæц та 28.9 милуанАИШ доллары бæрц у. Гуырдзыстон «ADB»-ы райрæзты приоритеттæ сты базарад баахъаз кæнын, куыстбынæттæ сæвзæрын кæнын æмæ мæгуырдзинады æмвæзад фæныллæг кæнын регионон экономикон къæлидоры фæрцы.