Азербайджаны хъахъхъæнынады министрады хъусын кæнынц, цæмæй Азербайджан Карабахы локалон равгы  антитеррористон  мадзæттæ уадзын райдыдта
Азербайджаны хъахъхъæнынады министрады хъусын кæнынц, цæмæй Азербайджан Карабахы локалон равгы антитеррористон мадзæттæ уадзын райдыдта

Азербайджан Карабахы  локалон   равгы   антитеррористон мадзæттæ уадзын райдыдта –  уый фæдыл  азерабайджайнаг  медиа Азербайджаы  хъахъъхæнынады министрады фидиуæныл  æнцойæ  хъусын кæны.

Азербайджаны  хъахъъæнынады министрады  фидиуæнмæ гæсгæйæ,  «Сомихыстоны  гарзджын   тыхты формиргæндты æрдгæй  Азербайджаны æфады  позицитыл системон  бомбæкалд Карабахы регионы,  территоритыл минæты  дæргъвæтин  æвæрын, куыстыты уадзын инженерон, хæстон позицитæ фæхуыздæр кæнынæн, афтæма  акъоппыты нымæцы рæзт фæстаг  мæйты, уавæры  ноджы фæкарздæр кодтой».

Азербайджаны хъахъхъæнынады уагдоны банысан кодтой, цæмæй   афтæдæр  цæуы  хæстон  позициты  стынг кæнын   персоналæй,  згъæртехникæйæ, артиллерийæ æиæ æндæр æхсæнгарзæй, кæцыты фæрцы  дæлхайадтæ  хæстон цæттæдзинады бæрзонддæр æмвæзадмæ хизынц.

Азербайджаны хъахъхъæнынады министрады информацийæ, «æртæфарсон  фидиуæны  уынаффæ сифтонг кæнынæн, Карабахы  экономикон  регионы  егъаумасштабон  провокацитæ маруадзынæн,  Сомихыстоны  гарзджын  тыхты  Азербайджаны  территоритæй  гæрзты байст æмæ   феддуаркæнынæн, сæ  æфсæддон инфратсруктурæйы нейтрализаци скæнынæн,  оккупацийæ ссæрибаргонд территоритæм æрыздæхгæ  сабырадон цæрджыты æдасдзинад сфитонгг кæнынæн  æмæ Азербайджаны Республикæйы  конституцион  уагæвæрд  сног кæнынæн, регионы райдыдта  антитеррористон операци.

«Фронты хаххыл æмæ фæсхахх, территорийы мидæг, бæрзонд дырысады æхсæнгарзæй  арзайыны фæлгæтты,   куынæг кæнынц  Сомизыстоны гарзджын тыты  формиргæндты поицтæ, сæ дæргхъвæтин  хæстон  пункттæ, афтæма  хæстон активтæ æмæ æфсæддон объекттæ.  Бæлвырд дзурæм, цæмæй  сабырадон цæрджытæ æмæ æмбæстагон инфраструктурæ  не сты  нысан, æрмæстдæр легитимон  æфсæддон  нысæнттæ  куынæг кæнæм. Цæугæ активондзинады фæдыл  инфрмиргонд уыд  Уæрæсейы Федерацийы  сабырадон контингенты сæрдарад  æмæ туркаг-уырыссаг   мониторингы  центры къухдариуæгаж»  – банысангонд у Азербайджаны  хъахъхъæнынады  минитрады  фидиуæны.