Азербайджаны иуæй-иу æфсæддон базæйыл срæмыгъды фæстиуæгæн дыууæ æфсæддон фæмард
Азербайджаны иуæй-иу æфсæддон базæйыл срæмыгъды фæстиуæгæн дыууæ æфсæддон фæмард æмæ иу та фæцæф. Уый тыххæй хъусын кæны бæстæйы хъахъхъæнынады министрад.
Бæрæг куыд у афтæмæй, æнамонд цау сæумæрайсомы сахатты æрцыд.
Министрады информацийæ, иуæй-иу æфсæддонæн йæ къухтæй æрхайд танкъы сармадзаны нæмыг, кæцыйы тыххæй срæмыгъд æмæ дыууæ адæймагы цард ахаста.
Азербйджаны хъахъхъæнынады министрад фæмардуæвджыты æмæ зиангонды бинонтæн æмæнкъард сиды. Æнамонд цауы тыххæй райдыдта фæдагуырд.