Азербайджаны æмæ Турчы президенттæ, æхсæз бæстæйы хайадæй ног платформæ саразыны инициативæйæ цæуынц
Азербайджаны æмæ Турчы президенттæ регионы бæстæты хайадæй ног платформæ саразыны инициативæйæ рацыдысты.
Уый фæдыл фидиуæнтæ Алиевы æмæ Эрдогъаны иуæймаг пресс-конференцийы айзæлдысты.
Ильхам Алиевы дзырдæй, зæгъгæ ацы афонмæ ис Турк-Азербайджан-Гуырдзыстоны, Азербайджан-Иран-Уæрæсейы æмæ Турк-Уæрæсе –Ираны æмгуыстады форматтæ.
«Нæ бон у ацы платформæ сфæлгондзын куыд иугонд. Кæд Сомихыстоны хицауад хæстæйы раст хатдзæгтæ рахаста, уæд нæзагъд ракæндзæн æнæбындур пертензитыл æмæ фидæныл хъуыды райдайдзæн. Ахæм цауы, уыдонæн дæр уыдзæн фадат, сæрмагонд бынат бацахсын платформæйы. Мах уымæ стæм æргом» – райхъусын кодта Алиекв.
Фидиуæн афæтдæр сарызта Турчы президент. Эрдогъан ног платформæ саразыны инициативæйæ райгонд баззад.
«Нæ бон у саразын платформæ, кæцыйы хайад исын сæ бон уыдзæн регионы æхсæз бæстæйæн. Цæй зæгъын æй хъæуы, регионон сабырдзинад æрхæсдзæн бирæ хслæвæрд æмæ бæрнон ахаст политикæйы, инфраструктурæйы æмæ инвестициты æрдгæй» – райхъусын кодта Эрдогъан.