Азербайджан Иранимæ арæн байгом кодта, цæмæй фæсарæйнаг æмбæстæгтæ Иранæй ацæуой
Азербайджан Иранимæ зæххон арæн байгом кодта, цæмæй фæсарæйнаг æмбæстæгтæ бæстæйæ ацæуой – уый фæдыл хъусын кæны Reuters.
Медийы информацийæ, фыццаг къорд ныридæгæн ахызт уадзæн пункт «Астарайы» сæрты, кæцыты фылдæр хай сты Уæрæсейы æмбæстæгтæ.
Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, ацы рæстæгмæ Азербайджанмæ эвакуаци цæуы 86 адæймаг, се æхсæн дыууæ æнахъом. Сæйраджыдæр сты Чайковскийы номыл симфонион оркестры уæнгтæ.
Эвакуиргондты æхсæн Казахстаны æхсæз æмбæстаг ис.