Автомобилон фæндæгты департамент уæззау метеорологион уавæрты тыххæй фæндæгты архайæг арæнæвæрдты фæдыл хъусын кæны
Автомобилон фæндæгты департаменты хъусинагæй, уæззау метеорологион уавæрты тыххæй, автомобилон фæндæгтыл змæлды куылымпыдзинадæй хиаиуварс кæнынæн, Гуырдзыстоны масштабæй, ссыгъдæггæнæн куыстытæ цæуынц æнæуромгæ режимы.
«Интенсивон ссыгъдæггæнæн куыстыты фæстæиуæгæн ацы рæстæгмæ, æхсæнадæмон нысаниуæгы Ахалкалаки-Къарцъахы автомобилон фæндагыл автотранспорты змæлд сæрибар у. Змæлды специалон режим архайы автомобилон фæндæгтыл – митуарды æмæ тымыгъы тыххæй, æхсæнадæмон нысаниуæгы Мцхета-Степанцъминда-Ларсы автомобилон фæндаджы Гудаури-Къобийы фадыгыл тобæгонд у стыр уæзласæн автотранспорты змæлд, æндæр хуызы автотранспорты змæлд уæгъд у. Æрдзы националон агентады хъусинагæй, Млета-Гудаури æмæ Гудаури-Къобийы фадгуытыл автотранспорты змæлд сыххæст уыдзæн æнæуромгæйæ змæлды режимы, æрмæст зæййæ иргъæвæг тунелы уылты. Фæнысангонд режимæй змæлд цæудзæн патрулон пъæлицæйы цæстдард æмæ координацигæнгæйæ.
Интенсивон митуарды тыххæй, æхсæнадæмон нысаниуæгы Тбилиси-Сенаки-Леселидзейы автомобилон фæндаджы км39-км259 (Ксани-Самтредиа) фадыгыл, фæдзæхст у стыр уæзласæн авторанспорты змæлд, æрмæст км39-км193 фадыгыл (Ксани-Зестапони) фадыгыл, иннæ хуызы автотранспорты змæлд уæгъд у хæдтулгæйы цæлхытыл специалон рæхыстимæ. Дыууæ æмæ фылдæр акæнæг хид кæцы автотранспортæн ис уыдонæн змæлд уæгъд у. Фæндаджы иннæ фадгуытыл автотранспорты змæлд уæгъд у.
Уæззау метеорологион уавæрты тыххæй (митуард, тымыгъд) æхсæнадæмон нысаниуæгы Ахалцихе-Ниноцъминдайы автомобилон фæндаджы км90-км112 фадыгыл, фæдзæхст у стыр уæзласæн авторанспорты æмæ 30-æй фылдæр бынатджын автобусты змæлд, иннæ хуызы автотранспорты змæлд уæгъд у. Фæндаджы иннæ фадгуытыл атвотранспорты змæлд уæгъд у.