Австрийы хицауад - Кæд Германийы коалицион хицауады бадзырд йæ тыхмæ нæ бацæудзæн уæд Австри цæттæ у йæ хуссары арæнтæ хъахъъæнын
Кæд Германийы коалицион хицауады бадзырд йæ тыхмæ нæ бацæудзæн уæд Австри цæттæ у йæ хуссары арæнтæ хъахъъæнын – уый фæдыл Австрийы хицауады фидиуæны мидæг дзырдæуы.
Ахæлиугонд информацийæ, официалон Венæ цæттæдзинад æвдисы сæмбонд кæна æнæзакъонон миграци Итали æмæ Словенийы арæнтыл.
«Кæд бадзырд Германийы хицауады позици уыдзæн, уæд мах архайдзыстæм, цæмæй Австри æмæ йæ цæрджыты аиуварс кæнæм æппæрццаг фæстиуджытæй» – дзырдæуы Австрийы канцлеры, вице-канцлеры æмæ мидхъуыддæгты министры иумæйаг фидиуæны.